Карл Харцелл – мæ хъуыдымæ гæсгæ, бадзырдтæ уыдзысты  нысаниуæгджын æмæ   вазыгджын
Карл Харцелл – мæ хъуыдымæ гæсгæ, бадзырдтæ уыдзысты нысаниуæгджын æмæ вазыгджын

Кусæм дыууæдæр фарсимæ, цæмæй ссарæм  æлæмæттаг  иумæйаг позици – уый фæдыл  Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар  Карл Харцелл   Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ ныхасы   рæстæдж  загъта.

Харцелы  аргълæвæрдæй,   бадзырдты хуыздæр сценариуыдзæн  æрмæстдæр  уæрæхæй ист разыдзинад.

«Мæ  хъуыдымæ гæсгæ, иттгæ нысаниуæгджын æмæ  вазыгджын  бадзырдтæ укыдзæн, уымæн æмæ  дыууæдæр фарсы бахъæудзæн  кæрæдзийæн  баххуыс кæнын, цæмæй   дзæбæх уынаффæмæ  æрхæццæ уæм.  Уый у  фундаментон, уымæн æмæ ацы   бадзырдты  æрмæст иу дзæбæх сценарий ис,  уæрæх разыдзинад. Мæ  хъуыдымæ  гæсгæ, алы æндæр сценари  бирæ  вазыгджын дæр уыдзæн.

Куыд загътон афтæмæй,  мæ ныфс ис,  цæмæй нын уыдзæн  куыд гæнæн ис  афтæ  уæрæх   разыдзинад, кæцы  ацы парламенты  куысты фадат ратдзæн,  кæцы уырнæг  дæн,  иттгæ нысаниуæгджын уыдзæн.  Уый æнæрмæст   парламентæн  ратдзæн цæрыны фаджат, фæлæ ма  уыцы нысаниуæгджын куыст у,  кæцы  парламенты  хъуамæ  ацæуа, уый нымæцы   амбицион  æвзарæнон   реформæйы  фæрцы  уыцы  аиппытæн дзуапп раттын, кæцы æвзæрстыты рæстæджы сфиксир ис, фæлæ, куыд зонын афтæмæй,   ковид æмæ  бирæ æндæр   равгы  фарст  домы парламент, кæцы иумæ кусдзæн. Ахæм ныфсæмæ  мæ  хъуыды  ис кæцы мæ фынæй кæнын нæ уадзы.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ  куыд дипломат, кæцы кæддæриддæр оптимист хъуамæ уа,  æмæ æз дæр цæй зæгъын æй хъæуы оптимист дæн,  фæлæ  реалистдæр» –  райхъусын кодта Харцелл.

31 октябры  парламентон æвзæрстыты  оппозици хоны  фальсифициргондæй  æмæ  парламентон мандаттыл нæзагъд кæны.  Гуырдызстоны Евроцæдисы æмæ АИШ-ы минæварадты инициативæйæ,  хицауад æмæ  оппозицийы  бадзырдтæ  цæуынц.  Фембæлдты  фыццаг  дыууæ  раунды æнæфæстиуæгæй  фесты.