Карл Харцелл хъусын кæны, цæмæй Юстицийы  Бæрзонддæр Советы дыууæ уæнгы снысан кæныны фæдыл уынаффæ уыд тагъд-тагъд, нæ уыд æргом æмæ конкурентджын
Карл Харцелл хъусын кæны, цæмæй Юстицийы Бæрзонддæр Советы дыууæ уæнгы снысан кæныны фæдыл уынаффæ уыд тагъд-тагъд, нæ уыд æргом æмæ конкурентджын

Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл  юстицийы  бæрзонддæр советы дыууæ  уæнгы  снысан кæныны фæдыл  фидиуæн  публикаци кæны.

Харцелл банысан кодта, цæмæй  ацы снысан  уыд тагъд-тагъд уныаффæ, нæ уыд æргом æмæ  конкурентджын.

«Гуырдзыстоны тæрхонон системæйы æмæ  законы сæйрагдзинады сферæйы  ай у радæй  фæндзæм  фæстæмæ  арызт къахдзæф, фæстаг цыппар мæйы мидæг.  Уый уыдис 12 июлы  Сйраг тæрхондоны  тæрхонгæнджыты снысаны фæдылдзогтæй, кæцы OSCE/ODIHR-ы аргълæвæрдæй,   «хъуаг уыдис  намысджындзинадæй, объективондзинадæй  æмæ  æууæнкджындзинадæй» ,расттæрхоны сферæимæ баст домæнты æнæсыххæст Евроцæдисы уæлæмхасæй 75 милуан  евройы акрофинансон æххуыс райсынæн  2021  азы сентябры,   генералон  прокурроры снысаны  уагимæ баст  конституцион  барасты райстыл нæзагъд  7 сентябры;  абоны онг  не рцыд 5 июлы 50-йæ фылдæр  журнашисты  æмæ  активисты ныхмæ  тыхмидзинады æууæнкджын фæдагуырд  æмæ  организаторты дзуаппмæ  лæвæрд.

Ацы фæзындтæ  ноджы иу хатт бæлвырд кæнынц, цæмæй амбицион  тæрхонон реформæйы процессы райдаын  уæрæх, итнклюзивон  æмæ   алы  партийы  хайадæй, æнæаргъæвгæ  æнæмæнгхъæуындзинад у æмæ   Гуырдзыстоны политикон партитæ  ацы хæс  райстой  сæхимæ.

Евроцæдис та фæстæмæ сиды  Гуырдзыстоны хицауадмæ, сыххæст кæна  реформæтимæ баст  хæсистытæ, сæ нымæцы  расттæрхоны  сферæйы  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты интерестæм æмбæлгæйæ  æмæ евроцæдис-Гуырдзыстоны  фидæны  ахастыты тыххæй.

Евроцæдис ноджы иу  хатт хаххгондæй  нысан кæны: нæкæсгæ уымæ  цæмæй  уый  нырмадæр æххæст цæттæ у,  йæ фарс рахæца  Гуырдзыстоны  реформæтæн евроцæдис-Гуырдзыстоны ассоциацидзинады фæдыл бадзырдмæ æмбæлгæйæ, Евроцдæисы æххуыс  баст уыдзæн   бындурон реформæты  сыххæсты рæстæджы  цы прогресс уыдзæнис  ууыл» – банысангонд у Карл Харцеллы  фидиуæны, кæцыйы публикаци скодта  Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад.