Карл Харцелл хъусын кæны, цæмæй ахæлиугонд сусæг ныффыстыты темæйыл Гуырдзыстоны минæварæн базонын кодтой Евроцæдисы позицийы тыххæй  æмæ йын фехъусын кодтой дарддæры къахдзæфтæ æркуырды фæдыл
Карл Харцелл хъусын кæны, цæмæй ахæлиугонд сусæг ныффыстыты темæйыл Гуырдзыстоны минæварæн базонын кодтой Евроцæдисы позицийы тыххæй æмæ йын фехъусын кодтой дарддæры къахдзæфтæ æркуырды фæдыл

Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл  хъусын кæны, цæмæй  ахæлиугонд сусæг ныффыстыты  темæйы фæдыл  Гуырдзыстоны минæвармæ, Брюсселы, Евроцæдисы офисмæ фæсидтысты, цы ран  йын  евроиугонды  позици базонын кодтой æмæ æмбæлгæ  дарддæры  къахдзæфтæ  æркуырды фæдыл  фехъусын кодтой.

«Сымах нырид  зонут  Брюсселы реакцийы  тыххæй,  ома нын ацы фарстамæ серьозон   ахаст ис.  Ай æппæт æвзæрын кæны фарстытæ  Венæйы конвенцийы  цæстæнгасæй, кæцы регуляци кæны  дипломатон ахастытæ.  Æрдзоныл нæ  нымайæм уый æмæ Гуырдзыстоны æнгæс  хæстæг хæлар  æмæ партнер бæстæ нæ ныхмæ  ахæм  архæйдтыты уыдаит баст.  Ацы нысанæн  Гуырдзыстоны минæвармæ фæсидтысты  Брюсселы, Евроцæдисы офисмæ, цы ран  йын Евроцæдисы позици базонын кодтой æмæ æмбæлгæ  дарддæры  къахдзæфтæ  æркуырды фæдыл  фехъусын кодтой»,  – загъта Карл Харцелл.