Карл Харцелл – дызæрдыг кæнын ома ацы  хъуыддагæн стыр тæфаг уыдзæн политикон ландшафтыл
Карл Харцелл – дызæрдыг кæнын ома ацы хъуыддагæн стыр тæфаг уыдзæн политикон ландшафтыл

Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл  дзуапп ратта  журналисты  фарстæн Ника Мелиайы хъуыддагмæ гæсгæ.  Йæ  хъуыдымæ гæсгæйæ,   гуырдзиаг политикæйы  температурæ виппайды  тæвд кæны.

«Фæстаг бонты дæргъы ацы  фарстыл  тынг бирæ хъуыды кодтон. Фыццаджы дæр  зæгъин, цæмæй  комментари  нæ  сараздзынæн  йæхæдæг тæрхонон хъуыддагыл, уымæн æмæ    цæугæ  хъуыддаг у  æмæ йын алчи хъуамæ цыт кæна.  Зæгъин  цæмæй фæстаг бонты  дæргъы   политикон   ландшафты фæфиппайдтам   температурæйы стæвд.  Уынын дзы риск, цæмæй  абоны  фæзындты æмæ  траекторитæм тыххæй  гæнæн ис  фарсытæ  акъоппыты  слæууой.Дызæрдыг кæнын, ома ацы  хъуыддагæн стыр  æндæвдад  уыдзæн  политикон лоандшафтмæ  æмæ  гæнæн нал уыдзæн иумæйаг  бындур, иумæйаг аскуыддзагы  бацагурын» –  райхъусын кодта Харцелл.

Уыимæ иумæ ма Харцелл дзуапп ратта  журналисты фарстæн, сырæздзæн æви нæ къуымау  Ника Мелиайы æрцахсты  фæстæ.

«Уый тыххæй тæрхæттæ кæнын зын у, фæлæ дызæрдыг кæнын уымæй, æмæ   хъуыддагæн уыдзæн  фылдæр  фæрссаг эффекттæ,  кæцы  фæфиппайдтам  æндæр æмæ æндæр  фарсы   реакцитæм гæсгæйæ.  Уый диалогмæ æрыздæхын æмæ  иумæйаг бындуртæ  бацагуырд фæвазыгджындæр кæндзæн.  Уый  у  мæ хъуыды æмæ  ныфс дарын, цæмæй  мæ прогноз нæ фæраст уыдзæнис.  Ацы фарстыл  абон уый йас  фæныхас кодтон,   цас дæр хъуыдис.  Нæ  ацæух кæнин уый дæр, цæмæй фидæны  бонты  æрыздæхдзынæн  исты ног хъуыдыимæ фæлæ абоны бонмæ  ацы  темæйы æгъгъæд фæныхас кодтон» – загъта журналисттæн  Евроцæдисы минæвар.