Карл Харцелл -  цæстдард демократон хæсæнады  хай ма хъуамæ уа
Карл Харцелл - цæстдард демократон хæсæнады хай ма хъуамæ уа

Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл хъусын кæны, цæмæй  паддзахадон æдасдзинады куыстытæ интересджын сты  потенцион  тас рабæрæг кæнынæй æмæ сæм ис  уый æфсон  цæмæй  сусæг байхъуыстæй спайда кæнынæй,  фæлæ ацы типы  интрументтæй архайын хъæуы арæхсгай, цæст дарын йæм хъæуы  ахæм архайдæн.

«Фæнды мæ бакой кæнын алкæмæн, цæмæй  цæй зæгъын æй хъæуы  æдасдзинады кæцыфæнды куыст  интересджын у  паддзахады æдасдзинадæй,  цæмæй  цæ цæст дара уыцы тасмæ, кæцыты раз гæнæн ис  æрлæууа  паддзахад, уый ынмæцы  терроризм, дзырдхæссынад.  Ис тынг дзæбæх  æфсон ацы типы инструменттæй спайда кæнынæн.  Фæлæ  уыдонæй  архайын  хъæуы  арæхсгай,  хъуамæ  сæм уа  цæстдард  æмæ   контроль, æмбæлгæ цæстдардæй  хъуамæ  уа  алцыппæт уымæн æмæ   ацы архайды  иннæ фарс лæууы  адæймæгы  хисæрмагонд цардуаг, сæрмагонд тыгъдады бар, цæмæй ма суа  хивæнд цæстдарды объект» –  банысан кодта Карл Харцелл.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, райгонд у уæрæх дискуссийæ  сусæг  байхъуысты темæйыл.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ныр  цæугæ фæдагуырды фæлгæтты,  райгонд дæн  бирæ уæрæхдæр дискуссийæ ацы  цæстдарды  равгы, йæ нысаниуæгы  фæдыл æмæ уый фæдыл   цæмæй  цы  хатдзæг  хъуамæ  рахæсса æппæт гуырдзиаг политикон  спектр уыцы уавæртæй кæцыйы  раз лæууæм, уымæн æмæ  цæстдард  демократон æхсæнады хай  ма хъуамæ уа» – райхъусын кодта  Карл Харцелл.