Карл Харцелл – бадзырдыл къух рафыссынæй  райдайы  уыцы иумæйаг  архйдтыты ног сæр, кæцы адарддæр уыдзæн парламенты
Карл Харцелл – бадзырдыл къух рафыссынæй райдайы уыцы иумæйаг архйдтыты ног сæр, кæцы адарддæр уыдзæн парламенты

Абон  тынг нысаниуæгджын  бон у, эмоцитæй   æфсæст бон у мæнæн, уымæн æмæ  цыппар мæйы дæргъы  фасилитацийы  процессы  уыдтæн баст  æмæ стæй  медиацийы процессы, кæцы  цыдис Шарль Мишелы   къухдариуæгæй  æмæ йæ  персоналон минæвары даниелсоны  активон хайадæй –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл,  президенты галуаны  райхъусын кодта, цы ран  партитытæ, Шарль Мишелы бавдыст  документыл  къух фыссынц.

Минæвары дзырдæй,  зæгъгæ абоны  бадзырд бæстæйæн иттæг нысаниуæгджын у.

«Абоны бадзырдыл къухбафыссынæй,   ацы процесс  фæуд нæ кæны, фæлæ  райдайы  ног  сæр  уыцы иумæйаг  архйдтыты, кæцы  адарддæр уыдзæн парламенты. Ныр тынг  нысаниуæгджын  момент у  æмæ æз куыд  Евроцæдлис минæвар, кæцы  баст уыдтæн ацы  фарсты, фæнды мæ уый хаххгондæй  банысан кæнын.  Абоны ам чи стæм æмбырдæй уыдон,  фылдæры хай æрмæст уыцы адæм не сты, кæцытæ  ацы бадзырдыл  фыссынц къух, фæлæ Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæ. Бузныг сын алкæмæн уыцы æмгуыстады тыххæй, кæцы  ацы рæстæджы  дæргъы нын уыд» –  райхъусын кодта  Харцелл.