Карл Харцел – Евроцæдис «Рустави 2»-ы хъуыддагмæ   лæмбынæг йæ  цæст дардзæн
Карл Харцел – Евроцæдис «Рустави 2»-ы хъуыддагмæ лæмбынæг йæ цæст дардзæн

Евроцæдис  «Рустави 2»-ы  хъуыддагмæ  лæмбынæг йæ хъус  бадардзæн – уый тыххæй, Гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæвар,  Карл Харцел, «Рустави 2»-ы фарстайыл ныхасы рæстæджы  райхъусын кодта.

Уый  хъасты детæлттыл  ныхасæй  йæхи баурæдта æмæ банысан кодта, цæмæй  медиаплюрализм демократийы  æнæмæнгхъæугæ   хай  у.

«Цыдæриддæр та барадон  хъуыддагмæ æххæссы,   уый нырма райдиан этапыл ис  æмæ  мæ бон нæу, хъасты детæлттыл ныхас кæнын.   Æрмæст мын  уый зæгъын у мæ  бон,   цæмæй  медиаплюрализм   æлхынцъон   æмæ  æнæмæнгхъæугæ скæнæг   хай  у цыфæнды   демократийæн.  Евроцæдис ацы  хъуыддагмæ лæмбынæг  нæ цæст дардзыстæм, раздæр куыд кодтам  афтæ», –  райхъусын кодта Карл Харцел.

6 майы,  телекомпани  «Рустави 2»-ы генералон директор сарызта  брифинг,  кæцы  рæстæджы дæр  райхъусын кодта, цæмæй  зæгъгæ телекомпанийы   9 процентон хайы   бардарæг  Нино Нижарадзе,   ууыл æмæ телекомпанийы  акциты æндæр  бардарджытыл  хъаст кæны æмæ сæ домы  æмтгæй  райсгæйæ 26 милуан   лари. Ника Гварамиайы   дзырдæй,  Нино Нижарадзе   у  «Рустави 2»-ы  раздæры директоры,    ныр  мард Гоги Гегешидзейы   бинойнаг.  Гварамиа  хъусын кæны, цæмæй   Гегешидзейæн æрымбырд ис бюджетон хæс æмæ ацы  хæс нæ бафыста, æнæкæсгæ  уымæ, цæмæй  Гегешидзейы   директорæй  уæвыны   периоды, къаналы æфтиаг  йæ хардзтæй  бирæ   бæрзонддæр уыд.