Карен  Донфрид – Ме сфидар  кæнын цауы, адарддæр кæндзынæн 19 апрелы бадзырд кæронмæ  сыххæстæн  тыхархайд
Карен Донфрид – Ме сфидар кæнын цауы, адарддæр кæндзынæн 19 апрелы бадзырд кæронмæ сыххæстæн тыхархайд

Ме снысан кæныны цауы,  адарддæр кæндзынæн тыхархайд  19 апрелы  къухбафыст  бадзырды  æххæст æмæ  тагъд сыххæст кæнынæн,  курæг дæн алы политикон партийæ  Гуырдзыстон,  сразы уæд  ацы  бадзырдимæ, – уый фæдыл  АИШ-ы  паддзахадон  нымæрдары  кандидат  Карен Донфрид   райхъусын кодта.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ Гуырдзыстон архайадон  къахдзæфтæ сарызта  демократийы  сфидар кæнынæн, фæлæ  ма  уымæй  стырдæр дистанци рацæуын бахъæудзæн.

«Нæу мæ бон ма  бахахх кæнон, цас ахсджиаг у Гуырдзыстонæн æвзарæнон æмæ тæрхонон реформæ. Куыд æй зонут, афтæмæй,  Гуырдзыстоны  нысаниуæгджын къахдзæфтæ сарызта   демократи стынг кæнынæн, фæлæ  ма йæ уымæй  стырдæр дистанци рацæуын  бахъæудзæн æмæ  сæ  æз курæг дæн,  ацы  дистанци  æнæмæнгæй  рацæуæд.  Иурæстæгонæй,  ноджы иу  хатт  бæлвырд кæнын  АИШ-ы фарсхæцын  Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндинад  æмæ  суверенитетмæ æмæ адарддæр кæндзынæн æххуыс кæнын   евроатлантикон  æхснæдмæ Гуырдзыстоны  интеграцийы хъуыддаджы, кæцы баст у Гуырдзыстоны   демократийы  фидардзинадимæ.  Нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсын   сымахимæ  – сенатимæ –  æмгуыстадмæ ацы фарстæтыл», – райхъусын кодта Карен  Донфрид.