Канадæйы  ихын  фысымуаты  фæзынд арт
Канадæйы ихын фысымуаты фæзынд арт

Канадæйы  провинци  Квебекы  ихын  фысымуаты  фæзынд арт.  Артдзæст  сæвзæрдис  фысымуаты иуæй-иу номыры.

Фæдæвзарæны  развæлгъау бæрæггæнæнтæй,  уый аххос у  артмæ уæлæнгай ахаст.  Фысымуаты  хицауы  фидиуæнæй,   уымæн  ацы  хабар у  нæуырнинагау.

Фæздæгы тыххæй фысымуат  сæхгæдтой.   Æртæ адæймагы та  фæздæгæй интоксикацийæ  фæхæццæ  кодтой рынчындонмæ.