Калифорнийы хъæды  зынгсирвæзты  фæстиуæгæн фондз адæймаг амард
Калифорнийы хъæды зынгсирвæзты фæстиуæгæн фондз адæймаг амард

Калифорнийы хъæды  зынгсирвæзты  фæстиуæгæн ис  амæтаг. Амард   фондз адæймаг.   Сæ нымæцы  дыууæ гыццыл  сывæллон  æмæ   се стыр мад. Стихийы амæттаг фесты  дыууæ  зынгхуыссынгæнæг дæр.

17 адæймаг   æвндаг  æрбайсæфтуæвæгыл намд цæуы. 37 000  æмбæстаг  тыхыбын баис  сæ хæдзæрттæ ныууадзын.

Зынгсирвæзтмæ  Цæгат Калифорнийы ма  æфæтыд æрцыд   фидар уад  æмæ торнадо.  Сыгъд у сæдæгай  хæдзар æмæ автомобил. Ацы  этапыл зынгæндисонтæ   артдзæсты æрмæст фондз проценты   локализи бахъом сты.  Зынгсирвæзт  тас  хæссы   мингай  цæрæн хæдзарæн.

Зынг  Калифорнийы  хъæды   къуырисæры  фæзынд.  Ныр арт  194  квадратон километры  фæзуатыл  ахæлиу ис.