Калифорнийы  фидар зынгсирвæзты фæстæ,  сырæзт ног стихийы  тас
Калифорнийы фидар зынгсирвæзты фæстæ, сырæзт ног стихийы тас

Калифорнийы  фидар зынгсирвæзты фæстæ ма  сырæзт ног стихийы  тас.  Штаты  цæгат хайы  тæркъæвда  райдыдта,  кæцы зынгсирвæзт ахуыссын кæнынæн  ахъаз у фæлæ, иннæрдгæй  бынæтттон хицауад донивылды тасы рискъыты  фæдыл фидиуæн хæлиу кæны.

Хицауад  цæрджытмæ æрсидтис   ног стихиимæ гæнæн   тохмæ цæттæдзинадмæ.  Тæркъæвдайы  фæстиуæгæн, гæнæн ис  фæрæг рæтты  лæбырдтытæ дæр рацæуа, уымæн æмæ хъæды массивыл цы зынг бафтыд, уый  мингай бæлас  скуынæг кодта.

Калифорнийы  штаты  хъæды массивы зынгсирвæзт  ныр цалдæр къуыри у цы даргъ кæны. Ацы рæстæгмæ  уæвæг информацийæ,  стихий  83  адæймагы  цард ахаста.