Калифорнийаг бæрзонд гæстæ уæлвæткон уавæры æрбахасты фæдыл тæрхондонмæ  бахъаст кæндзысты
Калифорнийаг бæрзонд гæстæ уæлвæткон уавæры æрбахасты фæдыл тæрхондонмæ бахъаст кæндзысты

Калифорнийаг бæрзонд гæстæ уæлвæткон уавæры æрбахасты фæдыл тæрхондонмæ  бахъаст кæндзысты

Уый фæдыл штаты сæйраг прокурор Хавер Бекера расидтис.

«Мах тынг тагъд уыдзыстæм цæттæ. Æрмæст уæлвæткон уавæрты æрбахасты фæдыл документ хъуамæ  бакæсæм. Мах сбæлвырд кæндзыстæм архайдта æви нæ президент законы æмæ йæ барты фæлгæтты» -раисдтис прокурор хурналисттимæ ныхасы рæстæджы.

Зындгонд у, цæмæй Дональд Трамп 15-æм февралы бæстæйы хуссары уæлвæткон уавæр раисдтис. Урс хæдзары лидеры æскъуыддзагы нысан АИШ-ы æмæ Мексикайы арæныл барьеры амад у. Снысангонд проекты ныхмæ демокарттæ цыдысты. Бюджеты арæнон æдасдзинадæн æрмæст 1,4 миллиард доллар рахицæн ис. Дональд Трамп та сисы самадæн 5.7 миллиард доллар куры.