Каха Кучъава - Никæмæ байхъуыст нæу закъонон, кæд æмæ уымæн нæй  барадон бындур
Каха Кучъава - Никæмæ байхъуыст нæу закъонон, кæд æмæ уымæн нæй барадон бындур

Никæй байхъуыст   нæу закъонон, кæд æмæ уымæн нæй  барадон бындур –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар  Каха Къучъава загъта журналисттæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ æнæзакъонон  байхъуыст  кæддæриддæр нæрайсгæ у.

«Æнæзакъонондзинад у  цыфæнды æнæзакъонон байхъуыст.  Йæхæдæг нын ныхас  амоны  уый фæдыл.  Кæд æмæ æнæзаконон байхъуыстыл  ныхас кæнæм, уæд  нын ныридæгæн  бæрæг у барадсаст æмæ  фыдракæнд.  Уый, цæмæй  цы банымайцдзæн æдасдзинады куыст, кæмæ байхъусын   йæм кæсдзæн  закъоны фæлгæтты, уый у  бæстæйы æдасдзинады  фарста æмæ  йæ хъуамæ аскуыддзаг кæна æмбæлгæ уагдон.  Раст уый  дзырдтам, цæмæй  байхъуыст уыдис кæд æмæ дарддæры  æндæр мадзæлттæ  дæр уыдзæн  парламенты,  адон уыцы фарстытæ  сты,  кæцытæ раттын хъæуы  æмæ æмбæлгæ  компетентон  уæнгтæ, ацы  уагдоны минæвæрттæ хъуамæ раттой  дзуаппытæ.  Никæмæ байхъуыст нæу закъонон, кæд æмæ уымæн нæй  барадон бындур. Кæд ис æнæзакъонон байхъуыст, уæд уый  бынтон  нæрайсгæ у  æмæ æмбæлгæ реагиркæнынад  хъуамæ  уа, ницы уæлдай у,  кæмæ хъусынц уый,  Фæнды  хуымæтæг æмбæстаг уа, кæд  байхъуыст æнæзакъонон у,   уæд»ю –  райхъусын кодта Каха Къучъава.

Къучъава ма банысан кодта,  цæмæй  телеуынынадтæй  ныффыстыты  рухс кæнын раст нæу.