Каха Кемоклидзе – Эргнеты фембæлд протесты нысанæй ныууагъдтам
Каха Кемоклидзе – Эргнеты фембæлд протесты нысанæй ныууагъдтам

Эргнеты инцидентты превенцийы  æмæ сыл реагиркæнынады   механизмты фæлгæтты   кусæн корды  фембæлд ПÆК-ы  информацион аналитикон  департаменты  хистæры  хæдивæг  Каха Кемоклидзе  протесты нысанæй ныууагъта.

Кемоклидзе  куыд  дзуры  афтæмæй,   фембæлдыл  дыууæ сæйраг фарст  бавдыстæуыд,   кæцытæ æххæссыдысты  Арчил Татунашвилийы марды   раласынмæ æмæ  уыцы  дыууæ æмбæстагы  фарстмæ,   кæцытæ оккупацигонд  Цхинвалы  сты.

«Тынг уæззау  рабадт  уыд.  Абоны  фембæлдыл дыууæ  фарст  бавдыстам, Татунашвилийы фарсты  кæсыны контексты,  кæд   радæтдзысты марды йæ бинонтæн æмæ  кæд   ратдзысты дыууæ æмбæстагæн  централон  хицауады  кантролгонд территоримæ рахизыны бар.

Сахат æмæ æрдæджы дискуссийы фæстæ, иунæг фарстыл дæр дырыс дзуапп нæ райстам. Аскуыддзаг кодтам, цæмæй   ныууагъдаиккам раббадт.   Цæттæ стæм  адарддæр кæнæм алы  нысаниуæгджын фарсты кæсын,   фæлæ уый фæстæ Татунашвилийы марды  йæ бинонтæн куы  радæтдзысты   æмæ  Гуырдзыстоны уыцы  дыуæ æмбæстагы  рауадздзысты кæцыт ацы  рæстæгмæ сты  оккупацигонд Ахалгоры  территорийыл.   Мард ныр ис  Цхинвалы.  Æрмæджытæ æрвыст сты   Уæрæсейы иуæй-иу  экспертон бюромæ.  Кæцы бюромæ арвыстой   хъуыддаг,  уый нæ  хъæр кæнынц,  афтæдæр нæ конкрет кæнынц, кæд   радæтдзысты  Татунашвили марды  йæ бинонтæн.  Хъусын кæнынц, цæмæй райсдзысты  уырыссаг экспертон  бюройæ  хатдзæг,  æмæ уæд суыдзæн сæ бон   марды радæттын  экспертон бюройы  хатдзæгимæ иумæ.  Алцыппæт ай у категорионæй нæрайсгæ ,   æмæ  уымæ  хъуыстам мах   æнæхъæн боны дæргъы  уыдонæй.  Уый тыххæй дæр  тыхбын   баистæм   абоны рабадт ныууадзын» –  загъта Кемоклидзе.