Каха Каладзе - Таксийы реформæйы æмгъуыд æргъæвд не æрцæудзæн
Каха Каладзе - Таксийы реформæйы æмгъуыд æргъæвд не æрцæудзæн

Ком-коммæ зæгъдзынæн, цæмæй   таксийы реформæйы æмгъуыд æргъæвд не æрцæудзæн –  уый тыххæй  сæйраг сахары мэр Каха Каладзе,  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы   алæвæрд  «Моамбе-Дгъис темæйы»  райхъусын кодта.

«Ацы реформæ æнтыстджынæй  цæуы æмæ æнæмæнгæй  сыххæст уыдзæн. Оппозицион   партийы минæвæрттæм ис  фæндон  сæйраг сахары  мэрий  бакуылымпы  кæной  нысаниуæгджын, цымидисон реформæты  фæлæ   ацы адæймæгтæн ницы рауайдзæн æмæ ацы реформæ æнæмæнгæй  сыххæст уыдзæн»,-   райхъусын кодта Каха Каладзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  цалдæр бон зæгъгæ  дзыллæ  хъусы  а.х.  такси тæрджыты  фидиуæнтæм,  кæцытæ «лейбористон партийы», «европаг Гуырдзыстоны» æмæ   «Националон змæлды» уæнгтæ сты.

Сæйраг сахары мер куыд  банысан кодта афтæмæй,    дунейы  нæй  реформæ,  кæцыйæ   алчи уыдзæн райгонд æмæ  таксийы реформæ æнæмæнгæй  хъуыдис сыххæст кæнын, цæмæй ацы  æрдгæй  уæвæг   уавæр рараст уа.

«Ай нырма æрмæст  райдиан у – минималон   регуляцитæ, кæцытæ  æрбайстам.  Уый тыххæй  уыд кампани;  адæмæн развæлгъау  дæттам информаци  æмæ  уырнæг дæн,  алчи  райгонд баззайдзæн – куыд таксийы   тæрджытæ,  кæцытæ  сервис æххæст кæнынц, афтæдæр таксийæ  пайдагæнæг  адæймæгтæ», – загъта  Каха Каладзе.