Каха Каладзе – Сидын уæм сабырдзинад бахъахъхъæнынмæ, тыхмидзинад æнæруадзгæ у
Каха Каладзе – Сидын уæм сабырдзинад бахъахъхъæнынмæ, тыхмидзинад æнæруадзгæ у

Сæйраг горæты мэр Каха Каладзе  Тбилисы айтынггонд  фæзындты  фæдыл  алкæмæ сабырдзинадмæ æрсидтис.

Каладзе социалон хызагы куыд фыссы  афтæмæй,  зæгъгæ алчи  йæ зæрдыл хъуамæ дарæт,  цæмæй  бацауæрдæт журналисттыл. Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ,  медиа, дунейы  тæвд  рæтты дæр æнæфæцагайгæ у.

«Мæ хæлæрттæ, æмгорæттæгтæ, сидын уæм алкæмæ  сабырдзинадмæ. Æнæруадзгæ у  тыхмидзинад. Тынг æвзæр факттæ  фиксир кæны, æнахъомтæм  лæбурдтытæ, сылгоймæгтæм, туристтæм дæр.  Кæсы нæм  Гуырдзыстоны знаг æмæ  хæлæрттæ дæр.  Æнæруадзгæ у  афтæ уынгты  рауай-бауай кæнын, æнæруадзгæ у  агресси.  Уæ зæрдыл дарут алчи, цæмæй  бацауæрдын хъæуы журналисттыл.  Медиа æнæхъæн дунейы  тæвд рæтты та æнæфæцагайгæ у. Нæ æхсæнадæн фидиссаг  ми ужурналистты æрдæм  агресси.  Раттут сын  кусыны фадат», –  фыссы Каха Каладзе.