Каха Каладзе – «Рустави2»-ы  хъуыддагыл  тæрхоныскъуыд рахаста Страсбургы тæрхондон æмæ мах хæсджын стæм бакоммæ йæм кæсæм
Каха Каладзе – «Рустави2»-ы хъуыддагыл тæрхоныскъуыд рахаста Страсбургы тæрхондон æмæ мах хæсджын стæм бакоммæ йæм кæсæм

Не мбарын Бидзина Иванишвилийы  кой цæмæн кæнынц,  тæрхоныскъуыд рахаста   СТрасбургы тæрхондон æмæ мах  алчидæр хæсджын стæм  ацы  тæрхоныскъуыд сæххæст кæнæм – уый тыххæй, сæйраг сахары мэр Каха Каладзе  журналисттæн  загъта.

Каха Каладзе  куыд банысан кодта афтæмæй,   алчидæр  зæгъгæ  цыт хъуамæ кæна  тæрхондоны  уынаффæйæн.

«Не мбарын Бидзина Иванишвилийы  кой цæмæн кæнынц,  тæрхоныскъуыд рахаста   СТрасбургы тæрхондон æмæ мах  алчидæр хæсджын стæм  ацы  тæрхоныскъуыд сæххæст кæнæм,  цалдæр азы  уыцы тæрхоныскъуыд куыд сыххæсткодтам  нæ тæрхондоны  уынаффæ  куы  баурæдта  рæстæгмæ  æмæ  алчи хæсджын уыдыстæм бакоммæ кæсын, афтæ.  Раст ахæм ахаст  ис  нырдæр.Уый тыххæй  æз  раздæр дæр загътон æмæ ныр дæр  зæгъдзынæн, цæмæй  хъуамæ  цыт  скæнæм   тæрхондоны уынаффæйæн. Хицауады  интерес у, бæстæйы   рæзынад, размæцыд, дзырды сæрибар.  2012 азæй  ацы бæстæйы арæнгонд нæ уыдис   æмæ нæ дæр уыдзæн  ахæм арæнæвæрд.  Ничи йæ ныфс  бахæсдзæн  уымæ, цæмæй  дзырды æмæ хъуыды разагъды  сæрибар  сæмбонд кæна»- райхъусын кодта Каха Каладзе.