Каха Каладзе, ног кæрдæггъуыз муниципалон автобустæ бавдыста [видео\фото]

Сæйраг сахары  мэр  Каха Каладзе  Тбилисы  цæрджытæн бавдыста  ног 10  метры дæргъæн   «МАN»-ы  маркæйы муниципалон автобустæ.  Ног автобусты презентаци  ацыд    Фыццаг Республикæйы  фæзыл.   Каха Каладзе  абадтис иуæй-иу  автобусы  тæрæджы  бынатыл.

Презентацийы  уыд   Гуырдзыстоны   премьер-министр Мамука Бахтадзе.

Сæйраг сахары  мэрийы  бæрæггæнæнтæй,   ацы  аз   автопаркмæ  бамхас кæндзысты   90 ног автобусы.

Автобустæ нымад сты 82  бæлццоныл,   æмæ дзы  бадæн бынæтты нымæц  у 27.  Уыдон  адаптиргонд   сты    амалхъомдзинад цух уæнгтæн – салоны  ис  специалон тыгъдад,  кæцыйы  арыт у специалон пандус, кæцы  инвалидон  коляскæйы  схæцынæн хъæуы.  Автобус  ифтонггонд у  хъармгæнæн системæйæ, кондиционерæй  æмæ  вентиляцийæ,  кæцы  арызт у  специалонæй  Тбилисы  климатон уавæртæм гæсгæйæ.

Тбилисы мэри  сбæлвырд  кодта  10  маршруты, кæцытыл  змæлдзысты   ног автобустæ.  Этапгай  уыдон  фæзындзысты ацы  маршруттыл : N85, N95, N50, N55, N71, N3, N15, N33, N54 æмæ N79.