Каха Къаладзе – «Националон змæлд» нæ баххæсдзæн уымæ, цæмæй чъизи гæды ныхæстæй  гæрзифтонг тыхты иудзинад фехала

Афтæ басидтис Тбилисы мэр, парти «Гуырдзийаг бæллицы» генералон нымæрдар Каха Къаладзе абоны брифингыл «Националон змæлдмæ».

Йæ ныхасмæ гæсгæ, «Националон змæлд» аскъуыддзаг кодта цæф æрхæсса, бæстæйы бындурæн –Гуырдзыстоны гæрзифтонг тыхтæ æмæ йæ иудзинадæн.

«Никæмæн ратдзыстæм бар, цæмæй адæмимæ иумæ хицауады сæйраг хай – деполитизиргонд æфсад ногæй политикон хъазтыты бабæттой. Растдæр адæмимæ иумæ бахъахъæндзыстæм нæ æфсæдæтты уæ шантажæй алы æппæтдунеон струкутрайы рамбулдзыстæм уæ æмбылдгонд хъуыдтæгтæ, уæ къухтæй дихгонд бæстæ сиу кæндзыстæм» -раисдтис Каха Къаладзе брифингыл.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, Националон змæлд парахат кæны гæды информаци, уый фæдыл æмæ 2008 æм азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты хайадисæг гуырдзийаг æфсæдæттæм æртхъирæн кæны Гаагайы тæрхондон.

«Националон змæлд» нæ баххæсдзæн уымæ, цæмæй чъизи гæды ныхæстæй  гæрзифтонг тыхты иудзинад фехала  -банысан кодта Къаладзе.