Каха Каладзе – Мæ  æвзарæн у  æнтыстджын Гуырдзыстон, сабырад, стабилондзинад æмæ  райтынг
Каха Каладзе – Мæ æвзарæн у æнтыстджын Гуырдзыстон, сабырад, стабилондзинад æмæ райтынг

Сæйраг горæты  мэр Каха Каладзе, Сабурталойы  зылды  64-æм фадыгыл   схъæлæс кодта.   Каха  Каладзейы   фидиуæнæй,   «Гуырдзиаг Бæллиццмæ» æвзæрстыты уæлахиздзинады   æнхъæлц ис.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,   хицаугæнæг парт  алы  зылды    бафæраздзæн фæуæлхиз уын  æмæ  баныфсан кодта, цæмæй  дыккаг туры ауадзын  нал бахъæудзæн.

«Тынг райгонд дæн  æвзæрстгæнджыты ахæм бæрзонд активондзинадæй.  Мæхæдæг  схъæлæс кодторн   æнтыстджын Гуырдзыстонæн,  сабырадæн, стабилондзинадæн  æмæ  рæзынадæн.  Тынг бирæ фенмбæлдтæ нын уыд  алы районы,  алы  горæты  уыдыстæм.  Æвзарæнон кампанийы   фæлгæтты   тынг бирæ  адæймагимæ фембæлдыстæм  æмæ  цы равг  уыдис,   уырдгæй нæм ис  уый  зæгхын фадат, цæмæй   фыццаг туры  фæуæлахиз уыны стыр  фадат нын ис,  фæуæлахиз уæм  æнæ дыккаг турæй.   Уый  зæгхыны  бар мын дæттынц  уыцы    иртасæнтæ,  кæцытæ  публикаци скодтой  æндæр æмæ æндæр телеуынынадтæ.  Фæлæ  уый  уæддæр нæу  сæйраг. Ныр сегасдæр ахсджиаг у  дзыллæйы ахаст.   Знондæр банысан кодтон  æмæ  ноджы иу  хатт   зæгъдзынæн, реалонæй   бæстæйы  иунæг политикон тых,  кæцымæ ис  конкретон пълан,  куыд райрæзын кæна  бæстæ,   куыд  æрфидар кæна  стабилондзинад, сабырад  æмæ  бафæраза   бæстæ райтынгт кæнын   куыд  гæнæн ис афтæ  цыбырдæр æмгъуыдтæм,  у  «Гуырдзиаг Бæллицц – Демокративон Гуырдзыстон».  Коалици  гæнæн  ацы этапыл нæй,   нæ бахъæудзæн,  уый йас  стыр   фарсхæцын нын ис»  райхъусын кодта Каха Каладзе.

Каха Каладзейы   фидиуæнæй,   деструктивон  политикон тыхтæ  бæрæг    змæстытæ  пълан кæнынц, кæцы  закъонмæ гæсгæ   карзæй  æфхæрд æрцæудзæн.