Каха Каладзе хæдзар балæвар кæндзæн  уыцы бинонтæн, кæцыты къам Африкæйы цæрæн ранæй  социалон хызагы ахæлиу ис
Каха Каладзе хæдзар балæвар кæндзæн уыцы бинонтæн, кæцыты къам Африкæйы цæрæн ранæй социалон хызагы ахæлиу ис

Тбилисы  мер Каха Каладзе   фатер балæвар кæндзæн  уыцы бинонтæн,  кæцыты къам  Африкæйы цæрæн  ранæй  социалон хызагы  ахæлиу ис.  Уый фæдыл  сæйраг горæты мер «Фейсбукы»  сæрмагонд фарсыл  фыссы.

«Ерын æрыздæхтæн   мерийæ  æмæ  мæ бон нæу ма ныффыссон,  куыд мер  нырид фæныхас кодтон абон фæзындты фæдыл, фæлæ мæ  хисæрмагонд позици хъуамæ  ныффыссон –  медиайы райдыдтой фыд æмæ  хъæбулты   къам   публикаци кæнын, куыд зианбавзарæг афтæ,   мæ  зæрдæ  фæрысти, гæдыдзинады тиражир кæнынæн  сывæллон цæмæн  ауæлдай кодтой зæгъгæ?  Уый ма  дæр  ахъуыды кодтон   зæгъгæ   йæ  цæсгом  уæддæр  бамбæхстаиккой, чи зоны  бинонты нæ фæнды  лæппуйы цæсгом равдисын….  Афтæ  хъуыды кæнын æмæ  ацы арæнæй  бынмæ никуы ныххызтаиккам, æмæ  антипиары нысанæн сывæллоны руаджы архайæм.

Фæстæдæр, куы  рабæрæг ис, цæмæй  сывæллон æмæ йæ фыд  уым цардысты,  уæд сыл мæхи  æмæ мæ хъæбулты  къамтæ дæр баныхæстой. Мæ  бон смæсты кæнын дæр нал у, æмæ  цыма дис дæр нал кæнын.

Ахæм адæймæгтæн ма уын æндæр цы  зæгъон? – ахæм уагахаст у  уæ  барæвзар.  Ныр мæнæн сæйраг у уый, цæмæй   мæ бон баххуыс кæнын  куы  вæййы,  уæд æххуыс кæнын, афтæ мæ  хъомыл кодтой, уый  амонын мæ хъæбултæн дæр.  Хъайтардзинад  у  иунæг лæг  6 хъæбулы хъомыл кæны æмæ   мæнæн  иттæг  ныысаниуæгджын у  баххуыс йын кæнон.  Изæрыгомау базыдтон,   цы  уавæрты цæры æмæ мæхи сæрмагонд  лæвар, мæ  бинонты номæй, уыдзæн  хæдзар  уыцы  бинонтæн.

Ай йас фыдзæрдæдзинады, хахуырты  æмæ  гæдыдзинады фоныл,  ацы бинонтæн сæ зæрдæ барухс кæнын  абон  боны  фæстиуæг мын у», – фыссы Каха Каладзе.