Каха Каладзе -  Ираклий Къобахидзейы  арызт къахдзæф æз  хонын намысджынæй
Каха Каладзе - Ираклий Къобахидзейы арызт къахдзæф æз хонын намысджынæй

Ираклий Къобахидзейы  арызт къахдзæфы æз  хонын  намысджынæй – уый  фæдыл  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  генералон нымæрдар  Каха Каладзе   журналисттимæ   ныхасы рæстæджы райхъусын кодта.

«Ираклий цы къахдзæф сарызта æз уый  хонын  намысджынæй.  Парламенты рабадты  залы  цы æрцыд, уый тынг зын фенинаг уыд   алкæцы  адæймагæн  æмæ уый фæдыл  сырæзт тынг  карз фидиуæнтæ  махы æрдгæй.

Уыцы Ираклий  официалон визитæй  уыд  Азербайджаны,  уый  йæ визит аскъуыдта  æмæ   комкоммæ зæгъдзынæн,   цæмæй  сарызта  тынг  цæсгомджын   къахдзæф.  Ничи райдыдта  æвзарын,  цæмæй  кæй аххос уыдис, цы æрцыдис, цæмæн бадтис  уым  Гаврилов,   цæмæ рабадтис, чи хъуамæ бадтаит  æмæ а.д.  Уый æвзарын нал райыдта æмæ  загъта,   цæмй  уый  зæгъгæ  йæ  бæрн  у  æмæ  йæ куыстæй  йæхи суæгъд кодта.  Фендзыстæм æй  æви нæ КОнституцион тæрхондоны,   уый фæдыл  ныхас  æппын нæ  уыд» – райхъусын кодта  Каха Каладзе.

 

Ираклий Къобахидзе  парламенты  сæрдары  бынат, 21  июны  ныууагъдта.   «Гуырдзиаг Бæллиццы»   генералон нымæрдар, Каха Каладзе «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны»   офисы  куыд  райхъусын кодта  афтæмæй,   зæгъгæ Ираклий Къобахидзейы  уынаффæ, йæ  куыстуæгъды  тыххæй, «Гуырдзиаг Бæллиццы»  бындурæвæрд бæрзонд  стандарты  бæрнондзинады  ноджы иу  æвдыст у зæгъгæ.