Каха Каладзе – быцæудзинады  хицæн цаутæм æнæкæсгæ, разæвзарæнон процесс сабыр уавæры цæуы
Каха Каладзе – быцæудзинады хицæн цаутæм æнæкæсгæ, разæвзарæнон процесс сабыр уавæры цæуы

 

«Гуырдзиаг  Бæллиццы» геннералон нымæрдар Каха Каладзейы   фидиуæнæй,   æнæкæсгæ   уымæ, цæмæй   быцæудзинады  хицæн цаутæ ис,  уæддæр ис зæгъæн,  цæмæй  разæвзарæнон  процесс сабыр уавæрты  цæуы.

Уымæй уæлдай ма,  Каладзе  куыд банысан кодта, афтæмæй   хицаугæнæг балæн  цыфæнды  быцæудзинад нæрайсгæ у.

«Сæрмагондæй мæнæн æмæ ме мбæлттæн  цыфæнды дзырдæй  æмæ физикон æфхæрд категорионæй нæрайсгæ у. Алчи нæхи хъуамæ бауромæм  максималонæй.  Эмоциты æмæ  провокациты фæдыл ма  хъуамæ цæуæм»,- райхъусын кодта  Каха Каладзе.

Болнисы «Националон Змæлды»  æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццы»   активистты  æхсæн  быцæудзинад  знон æрцыд.  Инциденты тыххæй  МХМ райдыдта  фæдагурын  тугтæрхонон барады  187-æм æмæ  236-æм статитæй, кæцы   дзаума базиан кæнын  кæнæ   скуынæг кæнын дары йæ хъуыдыйы  æмæ æхсæнгарзы æнæзакъононæй  балхæд-бавæрын – хæссын дары  йæ  хъуыдыйы.