Каха Каладзе æмбарын кæны,  цавæр уагæвæрд хъахъхъæнын бахъæудзæн  æхсæнадон транспортæй зиæлды рæстæджы
Каха Каладзе æмбарын кæны, цавæр уагæвæрд хъахъхъæнын бахъæудзæн æхсæнадон транспортæй зиæлды рæстæджы

Тбилисы  мэр Каха  Каладзейы   фидиуæнмæ гæсгæ,  æхсæнадон транспорты  скусын кæныны фæстæ, æнæм æнгхъæугæ уыдзæн  æдасдзинады мадзæлттæ  хъахъхъæнын. Каха Каладзе   куыд банысан кодта афтæмæй,  зæгъгæ  æмбæстæгтæн æнæмæнг уыдзæн  æхсæнадон транспорты   маскæ  дарын.

Афтæма йæ  ныхæстæм гæсгæ,  автобусты нæ кусдзæн кондиционертæ.

«Фæнды мæ  дзыллæ  зона, цæмæй  куыд метрополитены, афтæ  автобусты æмæ  микроавтобусты  æнæмæнг уыдзæн   маскæ  дарын.  Уый  æнæмæнгæй  хъуамæ  бадарæт сæ  зæрдыл  æмбæстæгтæ.  Уыцы  хъуыддаг мах   мониторинг кæндзыстæм. Бæлццæтты  æнæмаскæйæ   æхсæнадон транспортмæ  бауадзын нæй гæнæн.  Афтæдæр  хъавгæйæ  хъуамæ  уой  автобусты  тæрджытæ,  цæмæй  ма  скусын кæной автоубсы   кондиционертæ. Рудзгуытæ  хъуамæ  уой гом,  цæмæй   вентилляци цæуа.  Метройы  уый  фадат нæй» –   райхъусын кодта Каха Каладзе.