Кæлæхы  æмæ  зæйы тасы  тыххæй, МХМ  æмбæстæгтæм сиды,   бакоммæ кæсæт  полицийы  амындтæм  æмæ бахъахъхъæнæт змæлды æгъдæуттæ
Кæлæхы æмæ зæйы тасы тыххæй, МХМ æмбæстæгтæм сиды, бакоммæ кæсæт полицийы амындтæм æмæ бахъахъхъæнæт змæлды æгъдæуттæ

Митуарды, кæлæхы æмæ зæйы  тасы тыххæй,   иуæй-иу регионты   фæндæгтыл арæнæвæрдтæ  æрцыд хаст.  ИНформацийы хæлиу кæны   Гуырдызстоны   мидхъуыддæгты министрад.

«МХМ-ы  патрулон полицйы   департаменты уын хъусын кæны,  цæмæй    æмбæстæгты  æдас  бынативды,    интенсивон митуарды, кæлæхы æмæ   зæйы тасы тыххæй,    иуæй-иу регионы   автомобилон фæндæгтыл  бæрæг  арæнæвæрдтæ  æрбайстам.

Тбилиси-СЕнаки-Леселидзейы   фæндаджы  45-æй  65-æм километры  онг   фадыг (Игоеты хъæуы цур)  боныхъæды фæфыддæры  тыххæй  ф æндаг   салд у  æмæ  автомобильты змæлд  регулир кæнынц  патрулон полицйы  экипеажтæ.  Æмбæлон куыстытæ  интеситвонæй  архайынц   фæндаджы  æмбæрзæныл техникон цæхх  ныккалын  æмæ их хафæг  мадзæлттæ  уадзынц. Патрулон полицийы  кусджытæ    шофыртæн бынатыл   фæндагыл змæлды   уæвæг   уавæры фæдыл  хъусын кæнынц. Патрулон   полицийы рекомендацийæ,  фæнысангонд фадыгыл змæлд рекомендацигонд у  зымæгон  цæлхытæй  æмæ тынг сындæггай» – дзырдæуы  МХМ-ы  информацийы.

Афтæма  уагдоны  хъусинагæй,    цыфæнды хуызы  автотранспорты  змæлд тобæгонд у  Гудаури (Поста) –Къобийы  фадыгыл  æмæ   Вазиани-Гомбори-ТЕлавийы   автомобилон  фæндагыл;  Тбилисыл фæзилæн  фæндагыл та  тобæгонд  у  змæлд æрмæст  уæзласæн  автомобильтæн.

Боныхъæды фæфыддæры, митуарды æмæ кæлæхы  тыххæй централон автомагистралы  Игоеты  фадыгыл,  æртæ æндæр æмæ æндæр раны,   фæндагон-транспортон цаутæ   æрцыд.  Кæрæдзийыл сæмбæлд   20-æй  фылæдр  автомобил. Фæнысангонд фадыгыл  змæлд  куылымыпыгонд  у.