Кабулы химарæг террорист йæхи спырх кодта – ис дзы амæттаг
Кабулы  химарæг террорист  йæхи спырх кодта – ис дзы  амæттаг

Афгъанистаны  сæйраг сахары  дипломативон  кварталы цур  срæмыгъд æрцыд.  Фæстаг бæрæггæнæнтæй,   фæмард иууыл цъус 17   адæймаг,  100 –йæ фылдæр фæцæф сты.

Ахæлиугонд  хъусинагæй  химарæг  террорист  йæхи  спырх  кодта  рæмудзæн гарзæгæй ифтыгъд хæдтулгæйы бадгæйæ.

Срæмыгъды   хъоомысæй  алфæмбылæйтты лæууæг бæстыхæйттæ  базиан сты.  Бырстыл  бæрн йæхимæ райста  Талибан.