Юлия Тимошенко -  Бирæ хатт фæрæдыдыстæм, сывзæрстам кланон  системæйы  лидерты æмæ марионетты, ныр  нын рæдыды рæстæг нал ис
Юлия Тимошенко - Бирæ хатт фæрæдыдыстæм, сывзæрстам кланон системæйы лидерты æмæ марионетты, ныр нын рæдыды рæстæг нал ис

Партий «Батькивщинайы»  лидер Юлия Тимошенко хъусын кæны, цæмæй  йæ  бал цæттæ у,  Сæйраг Радайы  куыстмæ æнæаргъæвгæйæ  æрывнала, фæлæ  йæхи аиуварс кодта  дзуаппæй фарстыл, зæгъгæ цæттæ у æви нæ  суа  Украинайы  премьерæй.

Киевæй Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы  корреспондент  куыд хъусын кæны афтæмæй,   уый фæдыл Юлиа  Тимошенко  æмгъуыдагъоммæ  парламентон æвзæрстытыл   хъæлæскæныны  фæстæ  райхъусын кодта.

Юлия Тимошенко  æмбæстæгтæм æрсидтис, æвзæрстытæм бацæуын.

Уый афтæдæр райхъусын кодта,  цæмæй  ныр   Украинайæн  нал ис рæстæг  радон хатт фæрæдийын.

«Алчи стæм оптимистонæй.  Ныфс нæм ис, цæмæй  нæ царды  алцыппæт хузыдæры æрдæм æрцæудзæн ивд.  Уыцы бюллетентæ, кæцыты  мах алчи æппарæм  æвзарæнон асыккы,  не сты  бюллетентæ  партийæн  кæнæ  депутатæн.  Ацы бюллетентæ  сты   нæ  царды, нæ хъæбулты  цардæн.  Сымах хорз щонут Украинайы  историй. Бирæ хатт фæрæдыдыстæм, сывзæрстам кланон  системæйы  лидерты æмæ марионетты, ныр  нын рæдыды рæстæг нал ис» – райхъусын кодта  Юлия Тимошенко.

Украинайы  абон æмгъуыдагъоммæ  парламентон  æвзæрстытæ цæуынц. Æвзæрстыты  хайад исынц  22  патийы,  кæцыты  партион номхыгъдты  2 747 кандидат ис.  Иумандатджын  мажоритарон   бæстæты æдæппæт  3 083  кандидат æппары  хал. Уыдонæй  æрдæг бархийæ  исынц хайад æвзæрстыты.

Развæлгъау  прогнозæйфарстæм æрсидты  Радамæ  бацæудзысты  фондз партийæ. Фаворит  Украинайы президенты Владимир Зеленскийы  партий  «Слуга Народу» у, дыккаг бынатыл та,  ис  Виктор Медведчукы  «Оппозицион платформæ  царæдн», кæцыйæн æвзæрстгæнджыты  12   процент хæцы йæ фарс. Радамæ афтæдæр бацæудзысты  Украинайы   раздæры президленты  Петро  Порошенкойы  партий «Европаг Солидарондзинад», Юлия  Тимошенкойы «Батькивщина»  æмæ  рокмузыкант Святослав Вакарчукы «Голос».

Радайы  æмгъуыдагъоммæ æвзæрстыты  развæлгъау  фæстиуджытæ изæры фæбæрæг уыдзысты.  Эгзитполты  фæстиуджытæ  бæрæг суыдзысты  21  июлы  изæр.

Фарастæм æрсидты   Радайы  фыццаг рабадт 9  сентябры онг хъуамæ сырæза.

Украинайы цæугæ  æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстыты, Гуырдзыстоны Фыццаг КЪаналы исæг  къорд  срухс кæндзæн.