Йоханнес Ханн – Евроцæдис Гуырдзыстонæн баххуыс кæндзæн политикъон æмæ экономикон реформæтæ ауадзын
Евроцæдис Гуырдзыстонæн баххуыс уыдзæн политикъон æмæ экономкион реформæты сæххæсты – уый ффæдыл Европæйы сыхагон политикъæйы æмæ ауæрæхы фæдыл бадзырдты фарстаты Еврокамисар Йоханнес Ханн Европарламенты дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Афтæдæр Ханны ныхæстæм гæсгæ, уый скæсæйнаг сыхæгтæм «салд конфликтты» æрбиноныгы Евроцæдисы роль фæтхджындæр кæнынæй райгонд у.
«Нæ партнертæ хорз фæткдариуæгы æмæ реформæты сæххæсты æрдгæй æнтыстытæм куы рцæуынц, Евроцæдис дæр хъуамæ сæххæст кæна йæ дзырдлæвæрдтæ. Æз удцырын дæн срæвдз кæнон уый æмæ Гуырдзыстон, Украинæ æмæ Молдовæ, райсойц æххæст æххуыс, цæмæй саразой демокративон æвзæрст æмæ ауадзй хъæугæ политикъон æмæ экономикон реформæтæ.
Афтæдæр, разы дæн Федерика Моггеринийы фидиуæнимæ, цæмæй скæсæйнаг сыхæгтæм «салд конфликтты» аскуыддзагы евроцæдисы роль хъуамæ фæтыхджындæр уа» – райхъусын кодта Йоханнес Ханн.