Эстонийы президент- Уæрæсейы æрыздæхт Евросоветы парламентон асамблеайы стыр худинаг у
Эстонийы президент- Уæрæсейы æрыздæхт Евросоветы парламентон асамблеайы стыр худинаг у

Эстонийы президент- Уæрæсейы æрыздæхт Евросоветы парламентон асамблеайы стыр худинаг у

Эстонийы президент Керсти Калиулайде Евросоветы парламентон асамблеайы Уæрæсейы  организацимæ æрыздæхты æскъуыддзагы фæдыл карзæй критик кæны.

«Знон Евросоветы парламентон асамблеайы ист æскъуыддзаг у худинаг», -фыссы Эстонийы президент «Твиттеры».

Европайы советы парламентон ассамблеайы халæппæрсты Эстонийы делегаци райста хайад æмæ организацимæ Уæрæсейы æрыздæхты ныхмæ ратта хъæлæс.