Эстонийы   фæсарæн хъуыддæгты  министр - 11 азы размæ,  абоны бон, Уæрæсе Гуырдзыстоны  ныхмæ  æфсæддон   агресси райдыдта
Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министр - 11 азы размæ, абоны бон, Уæрæсе Гуырдзыстоны ныхмæ æфсæддон агресси райдыдта

11 азы размæ,  абоны бон, Уæрæсе Гуырдзыстоны  ныхмæ  æфсæддон   агресси  сæххæст кодта, –  уый фæдыл  Эстонийы   фæсарæн хъуыддæгты  министр,  социалон хызаг  «Твиттеры»  фыссы.

«11 азы размæ  абоны бон, Уæрæсе Гуырдзыстоны  ныхмæ  æфсæддон   агресси райдыдта.  2008 азы æхсты фæурæды  фæдыл  бадзырдмæ æнæкæсгæ,   Уæрæсе  оккупацигонд  Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы   æфсæддон контингент фæтыхджындæр кодта. Адæймаджы  барты гуырымыхъхъ  хæлд дарддæр кæны.   Æхсæнадæмон барад хъахъхъæд хъуамæ  уа», – фыссы Урмас Реинсалу.