Эстонийы  æддаг рагысгарæг  куыст -  Ацы аз Уæрæсе æнæмæнгæй  фокусиргонд уыдзæн АИШ-ы президентон æмæ Гуырдзыстоны пълангонд парламентон  æвзæрстытыл
Эстонийы æддаг рагысгарæг куыст - Ацы аз Уæрæсе æнæмæнгæй фокусиргонд уыдзæн АИШ-ы президентон æмæ Гуырдзыстоны пълангонд парламентон æвзæрстытыл

Хуссар Кавказы   Уæрæсе  фæтыхджындæр кодта æлхъывд  Гуырдзыстоныл, æдасдзинады   политикæйы фæрцы  æмæ  æндавæг активонлдзинæдты  фæдагæй, – уый фæдыл   дзырдæуы  Эстонийы  фæсарæн хъуыддæгты  бæрæгдзау  куысты  хыгъдлæвæрды  сæргондæй   «Æхсæнадæмон æдасдзинад æмæ Эстони 2020». Хыгъдлæвæрд уагдоны веб-фарсыл у  публикацигонд.  Гуырдзыстоны кой  та, документы мидæг цалдæр ран цæуы.

Документы куыд у  банысангонд афтæмæй,   Эстонийы   æддæ бæрæгдзау   куыст  æнхъæлы, цæмæй   Уæрæсе  2020  азы   Гуырдзыстоны   парламентон æвзæрстыты йæхи æнæмæнгæй  фæтъысдзæн.

«2019  азы   Уæрæсе  йæхи фæтъыста  ныгуылæны   бæстæты   æвзæрстыты æмæ  æнхъæлцау, раст  афтæ бакæндзæн   2020 азы дæр.  Ацы  аз   Уæрæсе æнæмæнгæй  уыдзæн фокусиргонд АИШ-ы  президентон æвзæрстытыл æмæ   Гуырдзыстоны плангонд  парламентон æзæрстытыл.  Сæйраг нысан у,  æрлæууа  Уæрæсейæн  максималонæй пайдаджын   фæстиуæг.  Уый тыххæй   Уæрæсе  йæ  фарс хæцдзæн  Уæрæсейы æрдæм цæстуарзон  кандидаттæн, кæнæ та  уыдонæн,  кæцытæн ныгуылæны  æнæнысанон  æндæвдад ис. Уымæй  дарддæр,  Уæрæсейы  фæнды равдисын, цæмæй  ныгуылæн рæстаг æвзæрстытæ  ауадзын  хъом нæу,  кæцы  у  Мæскуыйæн иттæг хорз фадат,  Уæрæсейы  проблемæтæй хъусдард   æндæр фарстатæм ахæссын æмæ  спайда кæна  ныридæгæн  дзæбæх  зонгæ риторикæйæ  æмæ   ныгуылæны  дывæрон стандарттыл ныхас кæна», – дзырдæуы  документы.

Эстонийы  бæрæгдзау куысты хыгъдлæвæрды  Уæрæсейы  æрдгæй   Гуырдзыстоныл фæтыхджындæргонд  æлхъывды тыххæй   хицæн  сæр у  фыст,  кæцыйы мидæг дзырдæуы,   цæмæй  2019   азы   Уæрæсе æргомæй  фæтыхджындæр кодта  æфсæддон æмæ   политикон   æлхъывд  Гуырдзыстоныл.

Документы мидæг афтæдæр банысангонд у, цæмæй  Гуырдзыстонмæ  хъомыс дарыны  параллелонæй, Уæрæсе  дарддæр кæны æндæвдад   фæфидардæр кæныны  архæйдтытæ.

«Уый  классикон  дæнц  у  Евгени  Примаковы   уырыссаг  æхсæнадон центр   Гуырдзыстоны,  афтæдæр   Александр  Горчаковы  æхсæнадон дипломатийы  фонды  филиал,  кæцытæ  сты  æмæ  архайынц   Уæрæсейы  ахадындзинад фæфидар кæныны инструменттæ.  Примаковы  центр   Гуырдзыстоны  уадзы уырыссаг æвзаджы  къурстæ,  афтæдæр   Уæрæсейы  культурæйы æмæ   историйы  амоны  уадзы  семинартæ æмæ   конференцитæ.  Ацы иу  бакастæй  æнæаипп активондзинæдты   реалон нысан у уый, цæмæй Гуырдзыстоны  архайæг  æмæ  фидæн   элитайæн   Уæрæсейы  политикон  æмæ  экономикон   амбицитæ  фылдæр райсгæ  суа.  Уымæй  уæлдай ма,   Уæрæсе  ахадæг активондзинæдты  тыххæй  Тбилисы, декабры  ноджы  иу    центры байгом кæнын   хъавыд.  Дзырдæуы  Уæрæсейы  культурон центры фæдыл – «Русский Мир». «Русский  Мир»-ы  фонд,  афтæдæр арызт у  æмæ  кусы   Уæрæсейы  ахадæг  активондзинæдты пайдайæн.  Фæстаг  аты мидæг   Гуырдзыстоны райрæзтис  а.х.  традицион   хæзнаты  пропагандæ  дæр.  Ацы   хъуыддаджы сæйраг  рол  æххæст кæны  «Картули Марши» –  кæцы  2017 азы   сырæзт  æмæ  экстремистон  организациты  иу кæны.   Ацы организацийы   нысан у,  йæ  ныхмæ  слæууа  ныгуылæнæн  Гуырдзыстоны æхсæнадæн цыма тыхæй æфтыд  хæзнатæн,  кæцытæ  цыма  тæссаг сты  гуырдзиаг адæм æмæ  æхсæнадæн.  Уый  у  агрессивон организаци,  кæцы  йæ  оппоненттæм   физикъон лæбурдтæй  дæр  не фсæрм кæны. Йæ сæйраг рард у,  Гуырдзыстоны  Евроцæдис æмæ  НАТО-йы   уæнг суæвыны  æрдæм,  æхсæнады  разыдзинад  фæцудын кæнын. Ацы  æнцойад   у  Гуырдзыстоны  æддагон политикæйы   консенссус, кæцы  15  азы дæргъы æнæивгæ у. «Картули Марши»-ы  нысан афтæдæр у,  мид тынгад  сцырын кæнын æмæ  гуырдзиаг  æхсæнады  конфликт расайын.  «Картули Марши»-ы   лидерты æхсæн сты  хицæн гоймæгтæ,  кæцытæ  баст сты  Уæрæсеимæ  æмæ Мæскуыйы ахадæг активондзинæдтимæ», –  кæсæм  документы.