Эстони Гуырдзыстонæн арæнтæ гом  кæны
Эстони Гуырдзыстонæн арæнтæ гом кæны

Эстонийы  респубьликæйы хицауады  уынаффæйæ,   еврокомиссийы   арæнты  этапгай  фегом кæныны   рекомендацийы бындурыл,  6 сусæнæй   бæстæмæ  бацыды  бар уыдзæн  Евроцæдисы  æнæуæнг  14 бæстæйы, сæ нымæцы  Гуырдзыстонæй  ныццæугæ  бæлццæттæн – информацийы хъусын кæны  Эстонийы   Гуырдзыстоны  минæварад.

Уымæй   уæлдай ма,   Гуырдзыстонæй  Эстонимæ балцы тыххæй,   гоймаг хъуамæ æмбæлон уа  Шенгены зонæмæ легалонæй  бахызты домæнтæм.

«Эстонийы арæныл рахизынæн æмæнæгхъæугæ домæн у:

Арæныл рахизынæн гоймагмæ ма хъуамæ уа   коронавирусы  симптомтæ;

Гоймаг уыцы  бæстæйы кæцæйдæр рацыд Эстонимæ  лæууыд  фæстаг 14 боны  дæргъы ( «Ковид-19»-ы  инкубацийæн хъæугæ период).

Зæрдылбадарын хъæуы  цæмæй  уыцы цауы, кæд æмæ бæстæйы  кæцæй дæр адæймаг æрцæуы Эстонимæ,  коронавирусы  ахæлиуы  бæрæггæнæн  фæстаг  14  боны дæргъы  100 000 цæрæгыл, 16 фæрынчынуæвгæй  фылдæр у,  уæд бæлццонæн æнæмæнгхъæугæ  уыдзæн 14 бонон  хиизоляцимæ ахизын» – дзырдæуы  Эстонийы   Гуырдзыстоны  минæварад  информацийы.