Эстойнаг зарæггæнæг Гуырдзыстоныл зарæгæй Евроуынынады конкурсы исы хайад [видео]

Эстойнаг зарæггæнæг  Эгерт  Милдер  Гуырдзыстоны тыххæй  зарæгæй   Евроуынынады  зарæджы конкурсыл рацæуын хъавы.

Милдер   ныридæгæн ацыд   мидравзарæн конкурсы фыццаг этап æмæ   ныр æрдæгфиналы  23 конкурсантимæ  иумæ  исы хайад.

Зарæджы номхуынд у  Georgia (On My Mind)  æмæ йæ  кълип Гуырдзыстоны,  уый  нымæцы   Тбилисы,  Хъазбегы, Вардзиайы æмæ   Рабаты   фидары   у  ист.

Милдер  куыд дзуры  афтæмæй,   æртæ азы  дæргъы  цардис   Гуырдзыстоны æмæ   йæ зæрдæйы зæгъгæ Гуырдзыстон  сæрмагонд бынат ахсы.