Эргнеты инцидентты ма 'руадзыны æмæ сыл реагиргæнæг механизмы фæлгæтты фембæлд  сырæзт
Эргнеты инцидентты ма 'руадзыны æмæ сыл реагиргæнæг механизмы фæлгæтты фембæлд сырæзт

Эргнеты  ацыд  инцидентты ма ‘руадзыны æмæ сыл реагиргæнæг  механизмы фæлгæтты  фембæлд, кæцы  фондз сахаты  аххæссыд.  Æртæмæййон паузæйы фæстæ уагъд фембæлд оккупацигонд Цхинвалы   минæвар Егор Кочиев  æнæкомментарийæ ныууагъдта.   Евроцæдисы   минæвар  фембæлды  цатырмæ бацæуыны фадат  журналисттæн æрмæст  уый фæстæ ратта,  оккупацигонд  Цхинвалы минæвæрттæ  фембæлдæй куы араст сты.  Отхозориа-Татунашвилийы   номхыгъды фарста, кæцы  Эргнеты  14 сентябры   фембæлды фæкъуыхцыйы  аххосæйссис,  абоны фембæлдыл  нæ бавдыстæуыд. Æркæсинаг 11 фарстайы æхсæн уыдис  АРчил Татунашвилийы  марындзинады хъуыддаг,  афтæдæр оккупацигонд   Ахалгоры æнæбæрæг  уавæрты  мард  Давит Башарулийы  хъуыддаг. Фембæлдыл  æркастысты уыцы проблемæтæ, кæцытæ оккупацион хаххы  быннæттон  цæрджыты хъыгдарынц.

«Æркастыстæм  раззаг фембæлдæй  абоны онг   уæвæг  алы инцидент, кæцы   тас хæссы  бынатыл æдасдзинадæн.  Сæрмагонд хъусдард  сцырын  кодтам  Татунашвилийы  æбуалгъ марындзинады  фактыл.  Фæныхас кодтам  Давит Башарулийы хъуыддагыл. Афтæма  бавдыстам Ахалгоры  æмбæстагон  активист  Тамар  Меарахъишвилийы  сурыны  фарста æмæ басидтыстæм æхсæнадæмон организацитæм,  хъусдард равдисынмæ.  ДЗырд баххæссыд  æнæзакъонон  ахсты  фактытæм.

Абоны фембæлдыл  Отхозориа-Татунашвилийы  номхыгъды  фарста нæ уыд боны фæткъы. Отхозориа-Татунашвилийы  номхыгъд  у  парламенты  райст политикон акт.  Ацы форматы   политикон фарстатæ не ркæсæм.  Алыхатт  ацы  фарста куы бавдыстам, уæд иу кæддæриддæр   бацамонæм  цæмæй  фембæлдты ацы  формат арызт у деполитизацигонд фарстаты  æркæсынæн. Ай нæу  формат,  цæмæй  исчи спекуляцитæ  райдайа» –  райхъусын кодта  фембæлды фæуды фæстæ   паддзахадон æдасдзинады  куысты  аналитикон  департаменты   хистæры хæдивæг  ИРаклий Антадзе.

Эргнеты  фæстаг фембæлдæй  абоны онг   оккупацион  хаххы  цур, Гуырдзыстоны  12  æмбæстагы  æрцахстой.