Эргнеты инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмты корды фембæлды хайад райсдзæн OSCE-ы генералон нымæрдар
Эргнеты инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмты корды фембæлды хайад райсдзæн OSCE-ы генералон нымæрдар

Эргнеты цæуы инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагир кæныны  механимзтыл кусæг корды  100-йæм  фембæлд,  кæцыйы хайад исы  Гуырдзыстоны визитæй уæвæг  OSCE-ы  генералон  нымæрдар  Хельга Мария Шмид.

Фембæлдыл фарсытæ  кæсынц  оккупацион  хаххгæрон  айтынггонд фæзындтæ. Сæйраг фарста уыдзæн  де-факто режиммæ  æнæзаконон ахсты уæвæг  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  ссæрибар кæнын.

Уыимæ иумæ,  Гуырдзыстоны централон  хицауад  фембæлдыл  слæууын кæндзæн фарста Заза Гахеладзейы  æнæуæлдайныхасæй ссæрибар кæныны тыххæй,  кæцыйæн  оккупацигонд Цхинвалы тæрхондонæй цы хонынц, уыцы  уагдон стæрхон кодта  12 аз æмæ æхсæз мæйæ  æнæзаконон  ахст.

Эргнеты сты Заза Гахеладзейы  бинонты уæнгтæ. Фембæлды размæ  семæ фæныхас кодта ПÆК-ы  аналитикон  департаменты директоры  хæдивæг  Ираклий Антадзе. Бинонтæ протестон  акцитæ ауадзын  план кæнынц  æмæ  хицауадæй   домынц  фылдæр  архайадон  къахдзæфтæ саразын.

Ацы рæстæгмæ де-факто режиммæ æнæзаконон ахсты сты  Заза Гахеладзе, Геннади Бестауты æмæ Лаша Хетерели.