Эргнеты цæуы  инцидентты маруадзыны фæдыл  къорды  радон фембæлд
Эргнеты цæуы инцидентты маруадзыны фæдыл къорды радон фембæлд

Инцидентты  маруадзыны  æмæ  реагиркæныны механизмты  корды  радон фембæлд цæуы  Эргнеты. Фембæлдыл фарсытæ  фæстаг  дыууæ мæййы   дæргъы  оккупацион   хаххы цур  уæвæг уавæр  æркæсдзысты.

Гуырдзыстоны  централон  хицапуад  Никозы  хъæуы, афтæма Хурвалет æмæ  Атъоцы дæр уырыссаг  æфсæддæттæ æнæзакононæй цы  архайынц,  уый  спротест кæндзæн.

Паддзахадон æдасдзинады  куысты  аналитикон   хайады  къухдариуæггæнæгы хæдивæг, Ираклий  Антадзе  Эргнеты  фембæлды  размæ куыд  загъта  афтæмæй,  зæгъгæ фембæлдыл, ноджы иу хатт  æркурдзысты  оккупацион  тыхтæ æнæзакъононæй  Гуырдзыстоны кæцы  æмбæстæгты  æрцахстой, уыдоны ссæрибар кæнын.

«Æркæсинаг фарстаты  æхсæн приоритетон  у æдасдзинады  уавæримæ баст  фарстатæ,  кæцы  бæрæг  архæйдтыты  тыххæй  стыр  зиан баййæфтой.  Ацы  контексты  сæйраг акцент  арызт цæуы  æнæзаконон   ахсты  уæвæг нæ æмбæстæгты  ссæрибар кæныныл.  Фæныхас кæндзыстæм æнæзаконон бордеризацийы факттыл  æмæ алы фæдылдзог  процесстыл, кæцы   проблемæтæ  æвзæрын кæны бынæттон цæрджытæн   сæрибарæй  змæлды æрдгæй.  Абоны фембæлдыл  бавдисдзыстæм   Ахалгоры  цæрæг  æмбæстагон активисты, Тамар Меарахъишвилийы  сурыны фарста, кæцыйы нырид  цалдæр аз у,  æнæбындур аххосæгтæй  сурынц. Фæнысангонд фарста  бирæ хæтты  айзæлдис,  куыд ацы форматы, афтæ Женевæйы бадзырдты  форматы. Æнæзакъонон ахсты  уæвæг нæ æмбæстæгты уавæры тыххæй  куы зæгъæм,   уæд абон  нæм уыдзæн  фадат, байхъусæм   сæ æнæниздзинады уавæры æмæ  дарддæры  процессты фæдыл информаци.  А.х.   тæрхонон процессты фæдыл информаци нæм нæй», –   захта Ираклий Антадзе.