Эрдогъан - Сомихаг æмбæстæгты историон рысты æмæнкъард кæнын у Турчы æнæхин бæрн
Эрдогъан - Сомихаг   æмбæстæгты  историон рысты æмæнкъард кæнын у Турчы æнæхин бæрн

Сомихаг   æмбæстæгты  историон рысты æмæнкъард кæнын у Турчы намысджын бæрн –   уый фæдыл  Турчы президент  Реджеб Тайип  Эрдогъаны сидты мидæг дзырдæуы.

Реджеб Тайип  Эрдогъан фыстæгы Стамбулы   Сомихыстоны   аргъуаны  религион  организациты уæнгтæм арвыста,  кæцы баст у 1915  азы трагикон  фæзындтимæ.

Турчы Президент  массон  марындзинæдты  рæстæджыбайзæддæгтæн  тæфæрфæс ракодта.

«Сымах æрымбырд стут,  цæмæй  сæ ном ссарат   Османы  империйы  сомихæгтæн, кæцытæ фыццаг дунейы  хæсты тызмæг уавæрты  æрбамардысты.  Ацы  бындарады химæ æруадзынæй,  мах  æмæнкъард кæнæм  уыцы рыст,  кæцыйы  не мбæстаг  этникон сомихæгтæ  бавзæрстой» – дзырдæуы  Эрдогъаны  фидиуæны.

Турчы  президент  ныфс разагъта, цæмæй Турчы  цæрæг  сомихæгтæ нæ баххуыс кæндзысты уыдонæн чидæриддæр  фыдзæрдæдзинады  сцырын кæнын  æрхайы.

1915 азы массон   марындзинады рæстæджы 1,5 милуан  этникон сомихаг  фæмард.  Турк  геноциды  аххосæгтыл нæ сæтты æмæ бæлвырд кæны, цæмæй трагедийы  амæттаг уыдысты  куыд   сомихаг,  афтæ туркæгтæ дæр.