Энтони Блинкен - Лукашенкойы режимы сæххæстгонд  ацы шокыæфтауæг акт, тæссаг уыдис 120-æй фылдæр бæлццонæн, æнæмæнгхъæугæ у инцидентыл æххæстаргъджын фæдаугырд
Энтони Блинкен - Лукашенкойы режимы сæххæстгонд ацы шокыæфтауæг акт, тæссаг уыдис 120-æй фылдæр бæлццонæн, æнæмæнгхъæугæ у инцидентыл æххæстаргъджын фæдаугырд

Минскы  журналисты Роман Протасевичы  æрцахсты æмæ ацы нысанæн   Афинæтæ-Вильнюсы  рейсы  тыхыбын сбадын кæныны фæдыл, АИШ-ы  падздахадон нымæрдар  Энтони Блинкен  публикаци кæны  фидиуыæн.

«АИШ тызмæг фауы  Евроцæдисы дыууæ уæнг бæстæйы æхсæн тахты  æрдæмады тыхыбын  ивд æмæ  Минскы  журналист Роман Протасевичы  æрцахст.  Мах уый æнæаргъæвгæйæ  ссæрибар кæнын курæг стæм.  Лукашенкойы  режимы сæххæстгонд  ацы шокыæфтауæг   акт, тæссаг уыдис  120-æй  фылдæр  бæлццонæн, сæ нымæцы  АИШ-ы  æмбæстæгтæн» – дзырдæуы фидиуæны.

Блинкены дзырдæй, зæгъгæ хъæуы  фæнысангонд инциденты  æххæстаргъджын равзарын.

Минскы оппозицион  ахастдарæг журналист Роман Протесевичы  23  майы  æрцахстой.  Уыйы Белорусы хицауад аххосджын кæны  массон змæстытæ  организацидзинады.

Протасевич  авиакомпани «Райянэары»  хæдтæхæгæй  Афинæтæй  Вильнюсмæ фæцæйтахтис, фæлæ борты рæмудзæн  гарзæгы  фæдыл  хъусинагы  тыххæй,   хæдтæхæг  аварионæй   сбадтис  Минскы аэропорты, цы ран  уыйы  барадхъахъъхæнджытæ æрцахстой. Йæхæдæг Роман Протасевич  рейсы размæ  хъусын кодта, цæмæй аэропорты   йыл цыдис цæстдард  æмæ  йæ паспорт æмæ документтæн къам айсын дæр архайдтой.

Роман Протасевичмæ  Белорусы  15 азы онг ахстæй  æфхæрд æртъхъирæн кæны.