Йенс Столтенберг  -  Уæрæсе раджыдæр  спайда кодта æфсæддон тыхæй   йæ сыхæгты, Украина æмæ Гуырдзыстоны æмæ æндæрты ныхмæ, уый тыххæй дæр тас реалон у
Йенс Столтенберг - Уæрæсе раджыдæр спайда кодта æфсæддон тыхæй йæ сыхæгты, Украина æмæ Гуырдзыстоны æмæ æндæрты ныхмæ, уый тыххæй дæр тас реалон у

Уæрæсе раджыдæр  спайда  кодта  æфсæддон тыхæй   йæ сыхæгты, Украина æмæ Гуырдзыстоны ныхмæ, уый тыххæй  дæр тас  у  реалон æмæ æнæмæнгхъæугæ у  диалогмæ баиу кæнын, –   уый фæдыл  НАТО-ы генералон  нымæрдар, Йенс Столтенберг  канадайаг телкомпани  «Сибисиимæ» интервьюйы  загъта.

Цæгатлантикон альянсы  къухдариуæггæнæджы дзырдæй,   диалогмæ баиу кæнынæн  политикон рацæуæн бацагурын  у йæ  нысан, фæлæ  альянс  цæттæ хъуамæ  уа, ома  Уæрæсе  гæнæн ис,  ноджы спайда кæна  æфсæддон тыхæй, кæцыйы фæстиугææн ист уыдзысты   карз политикон  æмæ  экономикон   санкцитæ.

Столтенберг афтæдæр банысан  кодта, цæмæй  иунæг агрессор  у  Уæрæсе, кæцы оккупаци скодта  Украинайы  территори Хъырым, æххуыс кæны Донбасы  сепаратисттæн æмæ сыххæст кодта масштабон киберлæбурдтытæ  Украинайы ныхмæ.

Столтенбергы фидиуæнæй,   альянс цæттæ у  Уæрæсеимæ  диалог адарддæр кæнынмæ, фæлæ йæ  сæйраг принциптыл нæйы нæ зæгъдзæн.

«Кæй зæгъын æй хъæуы,  не сразыуыдзыстæм, цæмæй НАТО-йы  æфсæддæ нын ма хъуамæ уа  алы уыцы  бæстæйы, кæцытæ НАТО-йы  уæнгтæ сты  1997-æм азæй. Уый нысан кæнид, ома  нæ  уæнгты æрдæг НАТО-йы  æфсад нæ хъахъхъæндзæн.  Уæд  уыдон суыдзысты НАТО-йы   дыккаг классы  уæнгтæ.  Мах уый никуы  бауадздзыстæм», –  банысан кодта  Столтенберг.