Йенс Столтенберг – Уæрæсе цæттæ у, сыхæгты ныхмæ спайда кæна æфсæддон тыхæй, уый дæнц сты Гуырдзыстон æмæ Украинæ
Йенс  Столтенберг – Уæрæсе цæттæ  у, сыхæгты  ныхмæ спайда кæна  æфсæддон тыхæй, уый  дæнц  сты Гуырдзыстон æмæ Украинæ

Уæрæсе  цæттæ у,  сыхаг  паддзахадты  ныхмæ  æфсæддон  тыхæй  спайда кæна,  уый  дæнцæй сты  Гуырдзыстонимæ  историон  хæст æмæ   Украинæйы цæугæ  конфликт.

Уый фæдыл  НАТО-ы  генералон  нымæрдар  «Дойче Велле»-имæ  эксклюзивон   интервьюйы  райхъусын кодта.

Æххæст версий,  «Дойче Веллейы» эфиры  фидæн куырийы  æрцæудзæн лæвæрд, уæдмæ та  медиафæрæзы  вебфарсыл  интервьюйы  хай  æрцыд публикацигонд.

«Мæскуымæ  афтæдæр  æрвыст сты  йæ  æфсæдтæ  Молдовæйы,  Молдовæйы   хицауадæй æвварстæй», –  банысан кодта  Столтенберг. Йæ  ныхæстæм гæсгæ,  ай  у  Уæрæсейы  архæйдтыты схемæ,   кæцыйы  уый  бирæ  аз   у  кæй  æххæст кæны  æмæ   кæцымæ æнæмæнгæй   хъуамæ æрцæуа лæвæрд дзуапп.

Интервьюйы   Йенс  Столтенберг афтæдæр  мæстыдзинад расидтис  Уæрæсейы  ног æфсæддон  фæрæзты  тыххæй.   Уый  банысан кодта, цæмæй  Мæскуы   стыр инвестицитæ  æвæры  нырыккон гæрзты,  уый нымæцы  атомон арсеналы.

«Мах Уæрæсейы  архæйдтытæн  кæсæнгомау дзуапп  нæ дæттæм. Танкъæн – танкъæй,  ракетæйæн – ракетæйæ, кæнæ атомон  хæцæнгарзæн   –  атомон хæцæнгарзæй. Фæлæ   цæй  зæгъын æй  хъæуы,  НАТО-йы   адаптир кæнын  хъуамæ бахъом уæм,   Уæрæсе  стыр  инвестицитæ куыд æвæры  ног, нырыккон  хæцæнгарзы  бакуысыны  къабазы  уæд  та  фылдæр хъуамæ  ахъуыды кæнæм  дзуаппыл», –  расидтис  Йенс Столтенберг.

Ацы рæстæджы  цæгататлантикон  альянсы генералон нымæрдар банысан кодта,   цæмæй  НАТО-ы  Уæрæсеимæ ахастыты  фæхуыздæр кæнын  æмæ  тынггонд  уавæры  æрынымæг кæнын  фæнды.   «Нæ нæ  фхъæуы  ног «уазал хæст».  Нæ  нæ хъæуынц  тагъд-тагъд  хæцæнгарзы аразын   æмæ   нæ  дæр Уæрæсейы  изоляци ницæмæн хъæуы», – райхъусын кодта  Стонлтенберг.  Йæ  ныхæстæм гæсгæ, альянс  хъахъъхæнынады  æмæ   диалогы  æхсæн баланс  агурæг у.