Йенс Столтенберг - НАТО-йы  бæстæты бар у  кæд  сразы  уыдзысты  аспирант бæстæты, Гуырдзыстоны æмæ Украинайы  НАТО-йы  стандарттæм æмбæлондзинадимæ  æмæ  цæттæ уыдзысты  сæ НАТО-мæ  райсынмæ, уый саразын æндæр никæмæн у йæ бон
Йенс Столтенберг - НАТО-йы бæстæты бар у кæд сразы уыдзысты аспирант бæстæты, Гуырдзыстоны æмæ Украинайы НАТО-йы стандарттæм æмбæлондзинадимæ æмæ цæттæ уыдзысты сæ НАТО-мæ райсынмæ, уый саразын æндæр никæмæн у йæ бон

НАТО-йы  бæстæты бар у  кæд  сразы  уыдзысты  аспирант бæстæты, Гуырдзыстоны æмæ Украинайы  НАТО-йы  стандарттæм æмбæлондзинадимæ  æмæ  цæттæ уыдзысты  сæ НАТО-мæ  райсынмæ, уый саразын æндæр никæмæн у йæ бон –  уый фæдыл НАТО-йы  генералон нымæрдар,  цæгататлантикон  альянсы  парламентон ассамблейыл дзырдæй ралæуды  рæстæджы  райхъусын кодта.

Йенс Столтенбергы дзырдæй,   зæгъгæ Уæрæсе  æфсæддон  минæварад  уæрæхдæр кæны  Баренцы  денджызæй  Зæххастæу денджызы онг.

Столтенберг  дзуапп  ратта   парламентон ассамблейы  уæнгты  фарстытæн.  Йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ НАТО-ы  ног уæнгты  райсыны фæдыл   уынаффæ  исынц  альянсы  бæстæтæ  æмæ Уæрæсейæн ацы  процессмæ  уæлæндæвдл скæнын  йæ бон нæ бауыдзæн.

«Фундаментон  фарста у,  цæмæй  суверенон  бæстæмæ ис бар,  йæхæдæг аскуыддзаг кæна  сæрмагонд курс.  Фæнды йæ  æви нæ  кæцыдæр  паддзахады, НАТО-йы уæнгæй  суæвын, уый æрмæст ацы  паддзахады  аскуыддзаг кæнинаг у.  Æмæ НАТо-йы  бæстæты  аскуыддзаг кæнинаг у,   æмбæлон  аспирант бæстæ  альянсы  уæнгсуæвыны  стандарттæм æви нæ. Уæрæсейæн ветойы  бар нæй.  Æмæ вето макуы хъуамæ рахæсса.  Уæрæсе кæддæриддæр архайы  зæгъын, цæмæй  НАТО-йы   аæрæх  у  провокаци.  Уæрæсе   афтæ  архайдта  Полльшæ  æмæ Балтийы бæстæты НАТО-мæ  куы райстой  уæд. Амондджын  дæн, цæмæй нын хъæддыхдзинад  уыд ацы  бæстæты  НАТО-мæ райсынæн.

НАТО-мæ Норвеги куы баиу ис, йæ  сыхаг уыд  Уæрæсе, растдæрæй  та  йеуæд  советон   цæдис.  Сталин уыд Норвегийы  НАТО-йы   уæнгсуæвыны ныхмæ, фæлæ  Вашингтон, Лондон, Париз æмæ НАТО-йы  æндæр бæстæтæ  загътой, НАТО-ы дуар гом, нæкæсгæ  уымæ,  цæмæй  Норвегийæн ис  арæн  Уæрæсеимæ æмæ Уæрæсейы та  сæ зæрдæмæ нæ цæуы  НАТО-йы  уæнгæй  Норвегийы   райсын.  Афтæмæй, НАТО-йы  уæнг  бæстæты  аскуыддзагкæнинаг у,  кæд  сты  æмбæлон   аспирант  бæстæтæ,  дæнцæн  Гуырдзыстон æмæ  Украина  НАТО-йы стандарттæм, æмæ уыдзысты  цæттæ  НАТО-ы  уæнгсуæвынмæ,  æмæ уый саразщын йæ бон  æндæр никæмæн уыдзæн» –  райхъусын кодта Столтенберг.