Йенс Столтенберг – НАТО-йы æмцæдисонтæ Брюсселы саммитыл аргъ скæндзысты Гуырдзыстоны прогрессæн
Йенс Столтенберг – НАТО-йы æмцæдисонтæ  Брюсселы  саммитыл аргъ скæндзысты Гуырдзыстоны прогрессæн

Цæгат-атлантикон  альянс  июлы плангонд Брюсселы   саммитыл  Гуырдзыстоны прогрессы  æнæмæнгæй   банысан кæндзæн –   уый фæдыл   фидиуæны  НАТО-йы генералон нымæрдар  Варшавæйы  парламентон ассамблейыл  гуырдзиаг  депутат  Ираклий  Бераиайы   фарстайы дзуаппæй   загъта.

Ираклий Бераиа Стонтенбергы  фарста,  цæмæй зæгъгæ  цæмæ  гæнæн ис  банхъæлмæ кæса  Гуырдзыстон  НАТО-йы Брюсселы саммитыл.

«Фыццаджы дæр,   мах адарддæр  кæндзыстæм   Гуырдзыстонæн практикон æххуыс.   Гуырдзыстонмæ ис  фадат,  суа  альянсы  уæнг.   Гуырдзыстонмæ ис   афæдзон  архайадон план.   Афтæдæр   функци кæны  НАТО-Гуырдзыстоны   камис.  Уыйимæ иумæ,  фæнды мæ  зæгъыгн, цæмæй  уæнгдзинады   архайадон план  у Гуырдзыстоны  цæгат-атлантикон  альянсы  уæнгсуæвыны   процессы   бындурон хай.  Мах нырма конкретонæй   самиты формат æмæ   элементтæ  не сбæлвырд кодтам, фæлæ  уырнæг  дæн æмцæдисонтæ  ссардзысты  амæлттæ, цæмæй  банысан кæной  æмæ   аргъ скæной   Гуырдзыстоны размæцыдæн  æмæ   сæ  зæрдæрухс ахаст равдисой  ацы  бæстæйæн контрибуцийы  тыххæй, кæцыйы  Гуырдзыстон æххæст кæны  сабырадон  операциты,  сæрмагондæй  та Афгъанистаны.   Гуырдзыстон  у  иуæй-иу  сеппæтæй  ставддæр контрибутор» – райхъусын кодта  НАТО-йы генералон нымæрдар.