Йенс Столтенберг  - НАТО фæтыхджындæр кæндзæн Гуырдзыстонæн æххуыс
Йенс Столтенберг - НАТО фæтыхджындæр кæндзæн Гуырдзыстонæн æххуыс

НАТО  Гуырдзыстонæн æххуыс фæтыхджындæр кндзæн-  уый фæдыл   цæгат-атлантикъон альянсы генералон нымæрдар  Йенс СТолтенберг абон   уагъд  пресс-конференцийыл   райхъусын кодта.

Уый фæныхас кодта   уыцы мадзæлтты тыххæй,   кæцытæ   ацы  къуырийы  НАТО-йы  бындурæвæрды 70 азы  юбилеймæ  гæсгæ  плангонд сты  Вашингтоны.

Столтенбергы  дзырдæй,  зæгъгæй  3-аг апрелы  НАТО-йы  29  уæнг  паддзахадты  фæсарæн хъуыддæгты  министртæ, Вашингтоны, АИШ-ы Конгрессы  плангонд  сессийыл уыдзысты,   кæцыйыл  уый дзырдæй  ралæудзæн.

Афтæдæр  йæ ныхæстæм гæсгæ, цыппæрæмы æмцæдисонтæ  фæуынаффæ кæндзысты  Уæрæсейыл дæр  æмæ  ацы  контексты  НАТО фæтыхджындæр кæндзæн   Гуырдзыстонæн æххуыс.

«НАТО  мæт кæны  Уæрæсейы   агрессивон архайдтæй, уый нымæцы   Украинæйы  ныхмæ, кæцы  ацы  афонмæ  дарддæр кæны,  афтæдæр Азовы денджызы   Украинаг   наудзогты  æмæ  науты  ахсты тыххæй.   НАТО  ныридæгæн ауæрæхдæр кодта   йæ  минæварад   Сау Денджызы.   Мах   дарддæр кæнæм   кусын   нæ  партнертимæ  регионы.    Ивгъуыд къуырийы  мæхæдæг уыдтæн æмæ федтон  «НАТО-Гуырдзыстоны ахуыр».  АБон НАТО-йы наутæ  сты  Украинæ æмæ Гуырдзыстоны.  Ацы наутæ  баиу  уыдзысты   ахуыры   номхуындæй  «Денджызон Уарт»  кæцы  ацæудзæн Сау Денджызы.  Æнхъæлмæ кæсын  цæмæй  НАТО-йы  уæнг  бæстæты  министртæ   сразы  кæндзысты  ног мадзæлттæ  æмæ  регионы  уæвæг ситуацийы  фæдыл   нæм фылдæр информаци уыдзæн.   Афтæдæр  фæтыхджындæр кæндзыстæм  Гуырдзыстонæн æмæ Украинæйæн æххуыс, ахæм къабæзты, цахæм дæр сты   денджызон тыхтæ æмæ  донбыл хъахъъхæды  куысты  ахуыртæ,  визиттæ   порттæм æмæ  ахуыртæ, афтæдæр информацийы  баивд» – райхъусын кодта  Йенс Столтенберг.