Йенс Столтенберг - Гуырдзыстоны фæнды, НАТО-ы  уæнгæй  суа  æмæ уыцы процесс  Уæрæсе нæ бауромдзæн
Йенс Столтенберг - Гуырдзыстоны фæнды, НАТО-ы уæнгæй суа æмæ уыцы процесс Уæрæсе нæ бауромдзæн

Гуырдзыстоны фæнды, НАТО-ы  уæнгæй  суа  æмæ уыцы процесс  Уæрæсе нæ бауромдзæн. Суверенон  паддзахадтæм хъуамæ  уа фадат,  сæхæдæг аскуыддзаг кæной  цæмæй  сæ цы фæндагæй  цыд фæнды –  уый фæдыл  НАТО-ы  генералон  нымæрдар  Йенс Столтенберг райхъусын кодта.

Столтенберг куыд  хъусын кæны уымæ гæсгæйæ, суверенон  паддзахадтæ сæхæдæг  хъуамæ  бæрæг кæной, цæмæй  сæ цы фæндагæй  фæнды, бæстæйы  фидæн  аразын.  Бæстæты  цæгат-атлантикон  альянсы  уæнгсуæвыныл Уæрæсейæн æндæвдад  ма хъуамæ уа.  Йæ рацыды Столтенберг  Гуырдзыстоны æмæ Украинайы  фарстæтæм дæр баххæссыд. ЙÆ  ныхæстæм гæсгæ  НАТО-ы  роль у  ахæм бæстæтæн баххуыс кæнын.

«Гуырдзыстоны фæнды, НАТО-ы  уæнгæй  суа  æмæ уыцы процесс  Уæрæсе нæ бауромдзæн. Суыдзæн æви нæ  Гуырдзыстон НАТО-ы  уæнг  бæстæ, уый у   Гуырдзыстоны  æмæ цæгат-атлантикон  альянсы  аскуыддзаг кæнинаг, уымæн æмæ  алцыппæт æндæр  суверенон паддзахады  суверенон  барты  хæлд уыдзæн.  Уæрæсейы  хъуыддаг нæу  уый, цæмæй  цы хъуамæ аскуыддзаг кæнга  Гуырдзыстон.  Уый у  Гуырдзыстоны æмæ НАТО-ы цæдис.  Уыдон цы сарызтой  Абхазы æмæ  Хуссар Ирыстоны, уый у  суверенон, хæдбар  паддзахады территорион  æнæхъæндзинад æмæ  суверенитеты  халын, кæцы нæрайсгæ у» –  хуъсын кæны  Йенс Столтенберг.

НАТО-ы генералон нымæрдары  фидиуæнæй,   бæстæты  демократон  процесстæ  уыдзысты  скуыддзагагæнг, суыдзысты æви нæ  уыдон НАТО-ы  уæнгтæ æмæ стæй та НАТО-йы  дуар  уыдзæн гом.  Паддзахадтæ, кæцытæ НАТО-йы  стандартмæ æмбæлон уыдзысты , уæд  НАТО-йы  уæнгтæй  суыдзысты. Уæрæсемæ нæй бар, йæхи фæтъысса, блокировкæ скæна  кæнæ   фæурома  суверенон  паддзахадты  НАТО-йы  уæнгсуæвыны  процесс.

Столтенбергы дзырдæй,  зæгъгæ уый, цæмæй  Уæрæсейæн  гæнæн ис йæ  зæрдæмæ нæ цæуа  искæцы бæстæйы  НАТО-йы  уæнгсуæвыны  фарстæ,  ацы  процессы  фидæн нæ  бæрæг кæны.  Уый цæвиттонæн та сæрмагонд бæстæ –  Норвегий æрхаста.  Столтенбергы дзырдæй, зæгъгæ  Уæрæсейы нæдæр йеуæд  цыдис йæ  зæрдæмæ  бæстæйы НАТО-йы  уæнгсуæвыны  фарста, фæлæ Норвеги  НАТО-йы  стандарттæм  æмбæлон уыд  æмсæ  альянсы уæнгæй  ссис.

Йенс Столтенберг куыд хъусын кæны уымæ гæсгæйæ,  зæгъгæ  стыр падздахадтæ  куы  скуыддзаг кæной  куыд архайдзысты сæ  сыхаг чысыл   бæстæтæ,  уæд  уыцы  хъуыддаг  ивгъуыд заманмæ æрыздæхт уыдзæн.

НАТО-йы  генералон  нымæрдары дзырдæй,  зæгъгæ йæ  фæнды  ахæм дунейы  цæрын,  кæцыйы  суверенон   паддзахадтæн цыт кæндзысты  нæкæсгæйæ  сæ  асмæ, экономикæмæ  кæнæ æндæр миниуджытæм.

«Адон сты фундаментон принциптæ  æмæ  сæм  гуырысхойы цæстæй  куы  кæсæм,  уæд тынг тæссаг  фæндагыл слæудзыстæм» – хъусын кæны  Йенс Столтенберг.