Йенс Столтенберг - Дарддæр кæнæм куыст  цæмæй  Гуырдзыстон суа  НАТО-ы  уæнг, ныфс мæ ис  тагъд уын арфæ кæндзыстæм НАТО-йы
Йенс Столтенберг - Дарддæр кæнæм куыст цæмæй Гуырдзыстон суа НАТО-ы уæнг, ныфс мæ ис тагъд уын арфæ кæндзыстæм НАТО-йы

«Дарддæр кæнæм куыст  цæмæй  Гуырдзыстон суа  НАТО-ы  уæнг» –  райхъусын кодта  НАТО-йы генералон  нымæрдар  Йенс СТолтенберг,  хицауады  администрацийы  Гуырдзыстоны премьер-министримæ фембæлдыл.

СТолтенберг куыд банысан кодта афтæмæй,  Гуырдзыстон зæгъгæ у, иттæг  сæрмагонд   партнер НАТО-йæн.

«Мæнæн стыр кад у, Тбилисы  кæй  дæнуый,  ацы  хатт  æз æрцыдтæн   уæ  хуынды  тыххæй,  ахуырты хайад райсыны фæлгæтты.  Ацы ахуыртæ  сты иумæйаг, кæцытæ  уагъд цæуынц  Гуырдзыстоны территорийыл æмæ уымæй   бæлвырд у, цæмæй  нæ  æмгуытсад у  фидар.  Ацы рангы  Гуырдзыстоны дæн дыккаг хатт.

Ай у  уый  миниуæг æмæ  гуырдзиаг æфсæддон дæлхайадты нæ æмцæдисонтимæ иумæ  хайадист  тынг ахсджиаг у, ацы  иумæйаг ахуыртæ   уагъд цæуынц  аргълæвæрды æмæ  бацæттæйы  Иууон  центры эгидæйæ  æмæ бындурæвæрд æрцыдысты  2015  азы.  Центры байгом  ссис нысаниуæгджын факторæй  нæ  иумæйаг программæйы  реализацийы.  Нæ  хъуыдымæ гæсгæ,  уый  хъазы егъау  нысаниуæгджын роль нæ  ахастыты  дæр.  Раст уый  бахахх кодтам  2015 азы» –  райхъусын кодта НАТО-йы  генералон нымæрдар.

Столтенберг куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстон  а  сæрмагонд партнер НАТО-йæн.

«Ивгъуыд азы  мах бахахх кодтам уынаффæ,   кеæцы  ист æрцыд  2008 азы, цæмæй  Гуырдзыстон  суыдзæн НАТО-йы  уæнг.  Сымах не стут  альянсы уæнг, фæлæ  стыр хайбавæрд кæнут  нæ  куысты.  Æхæст кæнут  хайадист  æнцойады  активон  программæйы æмæ активон хайад исут  реагиркæнынады æрдгæй  нæ инициативæты.  Ацы ахуыртæ  иу къуырийы  дæргъы   бæлвырд кæнынц,  цæмæй нын ис  тынг къуындæг  æмкуыстдзинад.  Гуырдзыстон æрцыд егъау  æнтыстытæм.  Ахсджиаг реформæты  сæххæстæй  фæтыхджындæр ис  æдасдзинадыл цæстдарды роль парламенты æрдгæй,  афтæдæр фæтыхджындæр сты  реформæтæ  тæрхонон системæйы.   Ныфс мæ ис  цæмæй   ацы æрдæм тыхархайдтæ  дарддæр кæндзысты  фидæны дæр  æмæ   бæстæйы  уыдзæн   бирæ  эффективондæр  хъахъхъæнынады  институцитæ.