Йенс Столтенберг «Æхсæнадæмон атомон  тыхты бадзырды» химæ æруадзыныл бæрн æвæры Уæрæсейыл
Йенс Столтенберг «Æхсæнадæмон атомон тыхты бадзырды» химæ æруадзыныл бæрн æвæры Уæрæсейыл

НАТО-йы  генералон нымæрдар «Æхсæнадæмон  атомон  тыхты бадзырды»  химæ  æруадзыныл бæрн  æвæры Уæрæсейыл.

Рауагъдад «Франкфуртер  Алемайне  Цайтунг»-ы  публикацигонд  авторон статийы, Йенс Столтенберг  Мæскуымæ  æрсидтис спайда кæна «Фæстаг шансæй»   бадзырд  фервæзын кæнынæн.  Йенс Столтенбергы  фидиуæнæй,  бадзырды архайд фæурæды   цауы,  æппæт дуне къаддæр стабилон уыдзæн.

НАТО-йы   генералон нымæрдар Уæрæсейæн æнæ иу  хатт банхъардта  скуынæг кодтаит  ракета «ИскандерМ»-ы,  кæцыйы руаджы  гæнæн бауыдаит  бадзырд  фервæзын кæнын.

Астæу æмæ  цыбыр дæрццæгыл архайæг ракетæты  ликвидацийы  бадзырд   АИШ-ы æмæ Советон Цæдисы  æхсæн  къухæвæрд æрцыд   1987 азы,  кæцы баллистикон  æмæ  базырджын  ракетæтæ скуынæг кæнын дары  йæ хъуыдыйы.