Эммануэль  Макрон – Францы  ныр иудзинад хъæуы
Эммануэль Макрон – Францы ныр иудзинад хъæуы

Францы  президент  Эммануэль Макрон  уыцы уæнгты  дзуаппмæ раттын баныфсвæрдта, кæцытæ  протестон акцит\ы рæстæджы   закъон халынæй хицæн кодтой.

«Францы  расттæрхон  райсдзæн иттæг тзмæг    мадзæлттæ  уыцы   уæнгты ныхмæ,   кæцытæ акциты рæстæджы барадсæттæн митæ кодтой»- райхъусын кодта Макрон.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   Францы  мидхъуыддæгты  минстр йын  Паризы æмæ æндæр сахарты  уагъд акциты  фæдыл деталон информаци дæтты.

«Нырæ æнæмæнгхъæугæ  у  цæмæй  Францы  æрфидар уа  сæрфад.   Бæстæйы ныр ног   иудзинад  æмæ  иуæймаг нысæнттæм коллективон тырнын хъæуы.  Ныр æнæмæнгхъæугæ у  æнæразыдзинад кæрон скæнын» – дзуры  Макрон.

Буржилетджынты  акцитæ  Францы  фæд-фæдыл  æхсæзæм хатт  ацыдысты.  Францы мидхъуыддæгты  министрады  бæрæггæнæнтæй,  демонстрациты  39 минæй  фылдæр адæймаг   райста  хайад.  Æхсæвы митинггæнджыты æмæ   полицийы  æхсæн  быцæудзинад сырæзт.  Барадхъаххъæнджытæ  спайда кодтой   цæссыгуадзæн газæй.  Æрцахстой  200-йæ  фылдæр  митинггæнæджы.