Элизабет Руд - Сидæм Уæрæсемæ фæстæмæ асида Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны нымадмæ райст æмæ æфсад та æрыздаха хæсты размæ позицитæм
Элизабет Руд - Сидæм Уæрæсемæ фæстæмæ  асида  Абхаз æмæ  Хуссар Ирыстоны  нымадмæ  райст æмæ æфсад  та  æрыздаха   хæсты размæ позицитæм

Сидæм Уæрæсемæ, бакоммæ кæсæт  æмæ сæххæст кæнæт  2008 азы   æхсты фæурæды фæдыл бадзырд,  фæстæмæ  асида  Абхаз æмæ  Хуссар Ирыстоны  нымадмæ  райст æмæ æфсад  та  æрыздаха   хæсты размæ позицитæм – уый фæдыл  Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæвары хæстæ æххæстгæнæг  Элизабет Руд  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, АИШ-ы  позици  у  дырыс зæгъгæ  æмæ  хъæддых æнцой  дары  Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.

«Ай  у хæст,  кæцы мингай  адæймагы æнæхæдзар скодта æмæ   абондæор  сæ бирæтæм нæй  фадат сæрмагонд   хæдзæрттæм æрыздæхын.  Адæймгæтæн нæ дæттынц бар,  хæстæджыты ингæнтæ фенын  æмæ  сæ  хуымæтæг цардмæ æрыздæхын.

АИШ-ы позици  у дырыс,   АИШ-ы  позици  у  дырыс зæгъгæ  æмæ  хъæддых æнцой  дарæм  Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æмæ  кусæм  гуырдзиаг æмæ   æхсæнадæмон партнертимæ,  цæмæй ацы  конфликт аскуыддзаг уа.

Кусæм  цæмæй   фæхуыздæр уа  ам  цæрæг  адæймæгты  экономкион   уавæр. Сæрмагондæй  нæ  фæнды  рахицæн кæнæм  конфликтон регионы  цæрæг сылгоймæгты  роль.  Сидæм Уæрæсемæ, бакоммæ кæсæт  æмæ сæххæст кæнæт  2008 азы   æхсты фæурæды фæдыл бадзырд,  фæстæмæ  асида  Абхаз æмæ  Хуссар Ирыстоны  нымадмæ  райст æмæ æфсад  та  æрыздаха   хæсты размæ позицитæм»- райхъусын кодта Элизабет Руд.