Экатерине Тъикъарадзе - Къуырисæрмæ æнхъæлмæ кæсæм  уæлæмхасæй   40 000  тестмæ, зæрдæвæрæны  райдайæны  PCR тестты нымæц  баххæст уыдзæн   100 000-ы онг
Экатерине Тъикъарадзе - Къуырисæрмæ æнхъæлмæ кæсæм уæлæмхасæй 40 000 тестмæ, зæрдæвæрæны райдайæны PCR тестты нымæц баххæст уыдзæн 100 000-ы онг

Оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритæй   лигъдæтты, куысты, æнæнизхъахъхъæды æмæ  социалон  ифтонгады министр Экатерине Тъикъарадзе  хъусын кæны,  цæмæй зæгъгæ  бæстæйы дарддæр кæнынц  коронавирусыл бирæкъæпхæнджын  тестытæ  аразын,  куыд    цырд тесттæ, афтæ   полимеразон  рæхысы реакцийы (PCR)  тестæй  адæймæгты  басгæрст.

Афæтма  йæ  ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  абоны  уавæрæй, бæстæйы   ис  10 000-æй  фылдæр PCR тесты  æххæст комплектаци.

«Къуырисæрмæ æнхъæлмæ кæсæм  уæлæмхасæй   40 000  тестмæ,  зæрдæвæрæны  райдайæны  PCR тестты нымæц  баххæст уыдзæн   100 000-ы онг.  Ацы  этапмæ бæстæйы   ныридæгæн  сфæлхас кодтам 5000-æй  фылдæр   цырд тестæй  æмæ   ноджы ис 9 000 тест, кæцытæ  байуæрстам рынчындæттæн,   цы ран  сгарынц  куыд пациентты, афтæ  сæ хæстæджыты  æмæ сæрмагонд кусджыты.  Уый фæстæ   аразыц   PCR-æй  басгæрст æмæ  кæронбæттæн   диагноз  сæвæрынц  гуырысхойаг  цаутыл», –  фехъусын кодта  Экатерине Тъикъарадзе.