Экатерине Тъикъарадзе – Къуырийы кæронмæ нын  уыдзæн фадат райдайæм  цæрджыты  агрессивон медицинон  басгæрст
Экатерине Тъикъарадзе – Къуырийы кæронмæ нын уыдзæн фадат райдайæм цæрджыты агрессивон медицинон басгæрст

Къуырийы  кæронмæ нын  уыдзæн фадат, цæмæй  цæрджыты  агрессивон  тестирдзинад ауадзæм –  уый фæдыл  æнæнизхъахъхъæды  министр Экатерине Тъикъарадзе Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы  алæвæрд «Моамбе»-йы   загъта.

«Дунейы Æнæнизхъахъхъæды организаци нын ратта  рекомендаци, цæмæй  ауадзæм цæрджыты агрессивон  медицинон  басгæрст.  Уый тыххæй, раззаг къуырийы  райдыдтам бадзырдтæ  уыцы  бæстæтимæ, кæцытæм сегасæй хуыздæр фæлтæрддзинад ис, цæмæй  уæлæмхасæй райсæм   уыцы   цырд  тесттæ,  кæцытæй   нæ  цæрджыты  агрессивон  тестирдзинад сырæздзæн. Абоны  уавæрæй,  ахæм бæстæ у Китай. Ныр  æрмæст  транспортацийы  темæ  у  аскуыддзаг кæнинаг  æмæ   къуырийы кæронмæ нын  уыдзæн фадат, цæмæй  цæрджыты  агресивон  медицнон басгæрстмæ  æрывналæм»-  райхъусын кодта  Тъикъарадзе.

ЙÆ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  сегасæй ахсджиаг  компонентæй  уæддæр уыцы   рæхыс  аскъуынын  у,  кæцы  низы  алæвæрд  сæмбонд кæндзæн  æмæ йæ кæрон скæндзæн,  кæцы  сегасæй  эффективон  превентивон  мадзал у.

«Уый тыххæй дæр,  цæрджытæй   курæг  дæн, цæмæй  сæ  зæрдыл дарæт  алы уыцы   рекомендаци,  кæцыты  дæтты  æнæнизхъахъхъæды  министрад» – загъта  Экатерине Тъикъарадзе.